филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:03 вторник, 24 июня 2025
02 декабря 2013, 16:36
«Сценæ æнæ арæнтæй». ДЗæуджыхъæуы ныр 6-æм хатт райдыдта национ театрты æппæтадæмон фестиваль

Баст у Советон цæдисы адæмон артист, театралон режиссер, актеры дæсныйад амоныны системæйы бындурæвæрæг, зындгонд актер Константин Станиславскийы райгуырды 150 азимæ.

«Сценæ æнæ арæнтæй». ДЗæуджыхъæуы ныр 6-æм хатт райдыдта национ театрты æппæтадæмон фестиваль
Баст у Советон цæдисы адæмон артист, театралон режиссер, актеры дæсныйад амоныны системæйы бындурæвæрæг, зындгонд актер Константин Станиславскийы райгуырды 150 азимæ. Фестивалы жюрийы уæнтæ сты Уæрæсейы театралон æхсæнады минæвæрттæ. Абон дзуæппытæ радтой журналистты фæрстытæн. Ацы аз национ театрты фестивалы архайдзысты драмон къордтæ Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Абхазæй, Мæхъæлæй, Дагестанæй, Кæсæг-Балхъарæй, Адыгейæ, Цæцæнæй, стæй фестивалы уазджытæ – Мæскуыйы киноактеры паддзахадон театр.

Гуыбиаты Хъазыбег, РЦИ-Аланийы театралон архайджыты цæдисы сæрдар: «Нæ географи фæтæнæй фæтæндæр кæны, æмæ мын уый тынг æхсызгон у. Æнхъæлмæ та кæсæм уымæ, æмæ нæм цы актертæ æрбацæудзысты, уыдон рæсугъдæй, зæрдæргъæвдæй æмæ сæрыстырæй ацæуой ардыгæй. Цæмæй сыл мах баузæлæм æмæ сæ аивад куыд рæсугъдæй равдисынц сæхимæ, афтæ рæсугъдæй дæр æй махмæ равдисой».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania