филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:07 вторник, 07 мая 2024
28 апреля 2022, 10:44
Стыр-Дыгуры фельдшерон-акушерон пункты байгом, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы афтек

Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, дæрддзæф хъæуты цæрджыты медицинон препараттæй æмæ хостæй ифтонг кæныны фарстамæ бæстон цæстдард цæуы республикæйы разамынды рдыгæй

Стыр-Дыгуры фельдшерон-акушерон пункты байгом, рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы афтек. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, дæрддзæф хъæуты цæрджыты медицинон препараттæй æмæ хостæй ифтонг кæныны фарстамæ бæстон цæстдард цæуы республикæйы разамынды рдыгæй. Бирæ хъæуты афтектæ уæвгæ дæр нæй. Уымæ гæсгæ адæмæн æндæр гæнæн нæ вæййы, æмæ ацæуынц районты центртæм, æмбæлгæ препараттæ балхæныны тыххæй. Стыр-Дыгуры афтек лæггад кæндзæн канд бынæттон цæрджытæн нæ, фæлæ ма хæстæгдæр хъæутæн дæр. Уыдон та сты: Одола, Москæ, Дзинага, Къуссу. Æдæппæтæй дзы цæры 290 адæймаджы. Сæ фылдæр сты ацæргæ адæм. Афтечы ис æппæт æмбæлгæ хъуыддæгтæ: вирусы ныхмæ препараттæ, тæвд æппарæнтæ, туджы æлхъывдады æмæ рыст айсыны хостæ. Цæмæй медикаменттæ уæй кæна, уый тыххæй фелсыр ацыд фæлтæрддзинад фылдæргæнæн курсытæ, æмæ райста провизоры компетенци.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania