филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:20 воскресенье, 29 сентября 2024
24 марта 2020, 18:12
Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарби сбæрæг кодта йæ 98 азы бон

Зæрдиаг арфæтæ ракæнынмæ ацыдысты Хæлардзинады хæдзары кусджытæ, ветеранты советы уæнгтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты æппæтæй хистæр архайджытæй иу, Дур-Дуры цæрæг Цалиты Сафарби сбæрæг кодта йæ 98 азы бон. Ветеранæн зæрдиаг арфæтæ ракæнынмæ ацыдысты Хæлардзинады хæдзары кусджытæ, ветеранты советы уæнгтæ æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Семæ уыд не сфæлдыстадон къорд дæр.

Уазджытæ, æмæ ма ахæм зындгонд! Сæ риутыл æрттывдтой майдантæ æмæ ордентæ. Цалиты Сафарбийæн уыйбæрц хорз адæмы уынд æхсызгон уыд. Йæ гуырæн бон Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатыр нæ уарзы бæрæг кæнын. Фæлæ зæгъы, уыйбæрц адæм йæ кæй бабæрæг кодтой, уый йын тынг æхсызгон у.

Ордентæ, майдантæ, Кады гæххæттытæ. Цалиты Сæфæрбимæ тынг бирæ хæрзиуджытæ ис. Ацы уæлæдарæс скæны æрмæстдæр бæрæгбонты. Абон дæр уæдæ ахæм бон у. Зæрдылдарæн къам, æмæ хъарм ныхæстæ хæстон æмбæлттимæ.

Йæ бирæ сгуыхтдзинæдты тыххæй Сафарби хорзæхгонд æрцыд майдан «Хъæбатырдзинады тыххæй» æмæ æндæр хæрзиуджытæй. Хæцыдис Сталинграды, Ленинграды, Курскы къæлæты. Уæлахизы боныл сæмбæлдис Австрийы.

Цалиты Сафарби, фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран, Дур-Дуры кадджын цæрæг: «Уыдис мæм ахæм документ, кæцымæ гæгсгæ, мæ фыды фыд, стæй мæ мады фыд дæр, уыдысты репрессигонд æртын æвдæм азы. Æртæ мæйы фæстæ йæ агæрах кодтой адæмон знаджы хуызæн. Мæнæн дæр æргомæй загътой, командирæй æвæрын дæ нæй. Адæмы немыцмæ куы аздахай. Уымæй дæн тас у».

Уый фæстæ Сафарбы ацыд фронтмæ цыппор дыккæгæм азы. Канд командæгæнæг не сси, фæлæ ма хæсты хъæбатыр дæр. Хæстон адæймаджы уырныдта, кæй сыздæхдзæн хæдзармæ сæрæгасæй æмæ дзæбæхæй. Æмæ йæ фæндон сæххæст ис.

Фронтæй сыздæхт хæстон лæгæй, æмæ райдыдта кусын: хъæуы колхозыл разамынд райста. Ам фыццагдæр сбадти стыр машинæ «Ваз»-ыл. Кæй зæгъын æй хъæуы, машинæ кæдфæндыдæр хорз тардта, фæлæ йæм шофыры гæххæтт та нæ уыд цалдæр азы. Уæвгæ, дæтгæ дæр ын сæ æрæджы ракодтой. Йæ бон сæ скæнын нæ баци, рæстæг не ссардта, зæгъы Сафарби.

Нæуæдз аст аздзыд ветеран йæхи æнкъары иттæг хорз. Шофыры гæххæттытæ райста дыууæ азы размæ. Кадджын уавæры йын сæ радта республикæйы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков.  Абон Цалиты Сафарбимæ ис бæллиц. Йæ уарзон хъæуы йын куыд бантыса «Уæлахизы парчы» арæзтад кæронмæ фæуын. Ахæм парк æнæхъæн Уæрæсейы иунæг уыдзæн, зæгъы ветеран. Йæхæдæг у проекты автор дæр. Сафарби æппæт сусæгдзинæдтæ нæ дзуры, æрмæстдæр загъта парчы кæй уыдзæн хæсты рæстæджы пушкæ, стæй зындгонд æфсæддон разамонджыты портреттæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania