филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:46 вторник, 16 декабря 2025
11 декабря 2012, 15:40
«Стыр Ныхас»-ы хъæппæрисæй Горæтгæрон районы арæзт æрцыд æмбырд

Æрбахуыдтой йæм ахуыргæндты, хъæуты администрациты разамонджыты, ахуыргæнджыты, æхсæнадон организациты минæвæртты. Ныхас цыд ирон æвзагыл. Растдæр зæгъгæйæ та, йæ бахъахъхъæнынæн цавæр мадзæлттæ аразын хъæуы, ууыл.

Æрбахуыдтой йæм ахуыргæндты, хъæуты администрациты разамонджыты, ахуыргæнджыты, æхсæнадон организациты минæвæртты.

Ныхас цыд ирон æвзагыл. Растдæр зæгъгæйæ та, йæ бахъахъхъæнынæн цавæр мадзæлттæ аразын хъæуы, ууыл.

Ног технологитæ кæй парахат кæнынц, уый
адæмы цард æнцондæр кæны. Фæлæ йемæ хæссы ивддзинæдтæ телеуынынады æмæ
иннæ дзыллон информацион фæрæзты куысты. Уый та хуыздæрырдæм нæ фæзыны
мадæлон æвзаг бахъахъхъæныны хъуыддаджы. Æрмæджыты, теле æмæ
радиопрограммæты фылдæр хай вæййынц уырыссаг æвзагыл. Æмбырдмæ чи
æрбацыд уыдоны иумæйаг хъуыды у ахæм – кæд Цæгат Ирыстоны Конституцимæ
гæсгæ ирон æвзаг паддзахадон у, уæд æм æхсæнады рдыгæй дæр æмæ
паддзахадон оргæнты рдыгæй дæр хъуамæ уа æмбæлгæ цæстдард. Хорз уаид
парламенты æмæ хицауады æмбырдтæ ирон æвзагыл куы цæуиккой, стæй æппæт
гæххæттытæ дæр иронау куыд фыссой.

Фæзминаг хъуыддагыл банымадтой
Дзæуджыхъæуы скъолатæйы иу куыст. Уым къуыри иу хатт саразынц ирон
æвзагыл дзурæн бон. Ома, æнæхъæн бон сывæллæттæ дæр, ахуыргæнджытæ дæр
кæрæдзимæ фæдзурынц иронау.

Уымæй уæлдай ма бахастой фæндон
республикæйы хицауадмæ арвитын курдиат, цæмæй ирон æвзаг бахæссой
паддзахадон фæлварæнты номхыгъдмæ æмæ Цæгат Ирыстоны уæлдæр скъолатæм чи
цæуа, уыдон æй æнæмæнг куыд дæттой.

Тахъазты Харум, профессор, ЦИПУ-йы ирон
æвзагзонынады каферæйы сæргълæууæг: «Хъуамæ алы рæвдауæндоны дæр
хъомылгæнджытæ сывæллæттæм дзурой ироной. Иннæ ахæм скъола… Фаг дзы нæй
чингуытæ, сахæттæ фæкъаддæр кодтой, æрмæджытæ нæй. Афтæмæй, ирон æвзаг
ахуыр кæныны хъуыддаг дæлдæрæй-дæлдæр кæны. Абон мах цы уынаффæ
рахæсдзыстæм, уыдон газеты, телеуынынады, радиойы фехъусын кæндзыстæм.
Уæдæ сæрмагонд гæххæттытæ дæр арвитдзыстæм хицауадмæ, цæмæй ацы
хъуыддагмæ бæстондæр цæстæй æркæсой. Нæ хъуыдытæ сын фехъусын
кæндзыстæм».

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania