филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:51 среда, 17 декабря 2025
10 мая 2018, 12:20
Стыр Уæлахизы кадæн бæрæгбоны мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны æппæт районты

Зæгъæм, Мæздæджы районы бæрæгбон райдыдта сæйраг уынджы каджын маршæй.

Стыр Уæлахизы кадæн бæрæгбоны мадзæлттæ арæзт æрцыдысты Цæгат Ирыстоны æппæт районты. Зæгъæм, Мæздæджы районы бæрæгбон райдыдта сæйраг уынджы каджын маршæй. «Æнæмæлгæ полчъы» рæнхъыты ацы аз рацыдысты 2 мин адæймагæй фылдæр. Æфсæддон цæлгæнæн æмæ патриотон акцитæй хъæздыг рауад ацы бон. Уый фенынмæ сæрмагондæй Мæздæгмæ абалц кодта нæ уацхæссæг Хъайтмазты Дзерассæ, æмæ йын бакæсæм йе рмæгмæ.
Кадджын цыд «Уæлахизы боны» зарæджы зæлтимæ. Мæздæджы уынгты ацы бон уыдис сæрмагонд патриотон зæрдæйыахаст. Æфсæддон оркестр, ретро-автомобильтæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты фронтты штарндарттæ. Колоннæйы кæрон «Æнæмæлгæ полк». Акци районы 3 хатт арæзт æрцыд. Ацы аз дзы архайдта 2 мин адæймагæй фылдæр.
Мæздæджы сæйраг фæзы — Уæлахизы Парад. Баиу дзы сты æфсæддонтæ, «Хæстон æфсымæрады» минæвæрттæ, кадеттæ, скъоладзаутæ. Бæрæгбон саив кодтой æфсæддон вертолеттæ. Парады бирæ азты фæстæ фыццаг хатт архайдтой.
Абон Мæздæджы районы ис Фыдыбæстæйы стыр хæсты 38 ветераны. Куыд бирæ азты размæ, афтæ та абон дæр сæ сæйраг мæт у рæзгæ фæлтæры рухс фидæн.
Бæрæгбоны мадзæлттæ дарддæр ахæццæ сты Уæлахизы парчы. Сæдæгай адæм æппæт районæй æрæмбырд сты, цæмæй иу бинонтау сбæрæг кæной ацы бон.
Мæздæджы район банкъардта хæсты æппæт зындзинæдтæ. 1942-æм азы немыцаг фашисттæ бацахстой горæт. Суæгъд кæнын æй бантыст 4 мæйы фæстæ. Бынæттон цæрджытæ сæхи хъæбатырæй равдыстой æрмæст сæ райгуырæн горæт нæ, фæлæ Стыр Фыдыбæстæйы иннæ территоритæ дæр хъахъхъæнгæйæ.
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania