филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:57 воскресенье, 01 февраля 2026
24 апреля 2025, 10:34
Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы уыд патриотон акци

Мадзалы архайдтой 40-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ

Стыр Уæлахизы 80 азы кадæн парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы уыд патриотон акци. Мадзалы архайдтой 40-æм скъолайы ахуырдзаутæ æмæ ахуыргæнджытæ. Дзæуджыхъæуы уæлæмхасæн ахуырады центры структурон дæлхайæдты педагогтæ рæзгæ фæлтæрæн равдыстой акъоппы цырæгътæ æмæ Георгийы лентытæ кæнын куыд хъæуы, уый, радзырдтой сын, центры сфæлдыстадон къорды куысты тыххæй. Скъоладзаутæ дæр бацæттæ кодтой программæ. 11-æмкъласонтæ акодтой патриотон зарджытæ, архайдтой театралон сценкæты æмæ кæфтыты. Парти «Иугонд Уæрæсе»-йы æхсæнадон æххуысы штабы ахæм мадзæлттæ  арæзт фæцæуынц æппынæдзухдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania