филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

00:44 воскресенье, 01 февраля 2026
08 мая 2024, 11:46
Стыр Уæлахизы боны агъоммæ Мæздæджы байгом кодтой Гæбулты Зойæйы номыл уынг

Хицауады кусджытæ, æхсæнадон организациты æмæ бæстæзонæн музейы минæвæрттæ, æвзонг æфсæддонтæ, скъоладзаутæ

Стыр Уæлахизы боны агъоммæ Мæздæджы арæзт æрцыд кадджын æмбырд. Байгом дзы кодтой Гæбулты Зойæйы номыл уынг. Хицауады кусджытæ, æхсæнадон организациты æмæ бæстæзонæн музейы минæвæрттæ, æвзонг æфсæддонтæ, скъоладзаутæ. Се ппæт дæр бацархайдтой номарæн мадзалы. Мæздæгæй рацæугæ Гæбулты Зойæ хæрзæрыгон уæвгæйæ, барвæндонæй ацыд фронтмæ. Баиу 76-æм хицæн мысанæхсæн уæлдæфон цæстдарды æмæ бастдзинады æфсæдты батальонмæ. 20-æм сентябры 1942-æм азы карз тохты рæстæг Мæздæгмæ хæстæг, Зойæ сæххæст кодта бардзырд, æмæ сног кодта, Малгобекы рдæм цы ротæ ацыд, уыимæ бастдзинад. Уыцы ран фæмард фыдгæнджыты нæмгуытæй. Гæбулты Зойæ ныгæд æрцыд хæстон намысы горæт – Малгобекы æфсымæрон ингæны. 2023-æм азы, йæ хæстæджыты хъæппæрисæй байгом кодтой номарæн къæйдур. Ныр та Гæбулты Зойæйы номыл байгом кодтой уынг.

Районы культурæйы галуаны артисттæ бацæттæ кодтой Кавказ хъахъхъæнæджы тыххæй биографион сценкæтæ, стæй Мæздæджы 1942-æм азы цы тохтæ цыдысты, уыдон æвдисæг инсценировкæтæ. Уынг байгом кæныны фæстæ уазджытæ абалц кодтой Мæздæджы æртыккæгæм скъолайы онг. Уым дæр цыдысты номарæн мадзæлттæ. Фæстæдæр та арæзт æрцыд Гæбулты Зойæйы номыл турнир мини-футболæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania