филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

23:18 суббота, 28 сентября 2024
11 февраля 2020, 18:08
Стыр Уæлахиз чи хсыста, уыдонæй иу уыд Махъоты Алихан

Уымæ гæсгæ уæ нæ информацион программæйы зонгæ кæндзыстæм Ирыстоны сахъгуырд лæппуты æмæ чызджыты цардвæндагимæ

Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Советон адæм цы хъæбатырдзинад равдыстой, уый мысинæгтæ ныры æмæ фидæны фæлтæртæн хъуамæ уой дæнцæгæн хæссинаг. Уымæ гæсгæ уæ нæ информацион программæйы зонгæ кæндзыстæм Ирыстоны сахъгуырд лæппуты æмæ чызджыты цардвæндагимæ. Уыцы цыфыддæр азты, цыфыддæр рæстæг Фыдыбæстæйы сæраппонд цы  лæгдзинаддзинад æвдыстой, уымæн æмбал нæй. 

Махъоты Алихан райгуырдис 1922-æм азы 17-æм июлы Цыколайы. Скъола каст куы фæци, уæд куыста колхозы бухгалтерæй. Кæцæй йæ зыдта, цыбыр рæстæгмæ йæ цардвæндаг цæхгæр кæй аивдзæн, уый. Нудæсаздзыдæй, 1941-æм азы январы, ацыд Сырх Æфсадмæ. Каст фæцис Дзæуджыхъæуы дыккаг фистæгæфсæддон училищæ. Сси кæстæр лейтенант, уырдыгæй йæ йæ хæстон фæндæгтæ акодтой тугдзых бирæгъты ныхмæ тохмæ. 1942-æм азы январы ацыд фронтмæ пулеметон взводы командæгæнæгæй. Хæстæн йæ кæронмæ хæцыд 295-æм æхсæг дивизийы. Алихан цы скъолайы ахуыр кодта, уым немыцæгтæ сарæзтой госпиталь, фæлæ цæхæрцæст хистæр лейтенантæн уыцы цау йæ зæрдæ сыгъта. Æхсæвыгон-иу штабæй арæх æрцыд хъæумæ уавæр базонынмæ. Хъуыды–иу кодта фæшисттæй йæ фыды зæхх, йæ уарзон скъола куыдæй суæгъд кæной, ууыл. Йæ фыццаг майдан дæр ын радтой, уыцы хæсты сгуыхтдзинад кæй равдыста, уый тыххæй. Йæ уыцы хъæбатырдзинад ын хъуыды кæнынц уыцы скъолайы.

Кæд Махъойы-фырт авд хатты фæцæф, уæддæр-иу æрдæгыл хъуыддаг нæ ныууагъта. Цыд размæ знаг пырх кæнгæйæ. Йæ хæстон царды мысинæгтæ йын кæстæр фæлтæртæ зонынц æмæ сæ цæстыгагуыйау хъахъхъæнынц.

Советон Цæдисы хъæбатыр, дæлбулкъон цы стыр æвæрæн бахаста историмæ, уый æгæрон у. Йæ сæрæндзинад æмæ хъæбатырдзиды тыххæй йын бирæ хæрзиуджытæ лæвæрд æрцыд. Фæлæ Хъæбатыры ном райсынмæ фæндаг та аххæссыд Цыколайæ Берлинмæ. Радтой йын уыцы кадджын хæрзиуæг «Монетный двор» кæй хуыдтой уый райсыны тыххæй.

Хæсты фæстæ Алихæн ссыд йæ райгуырæн хъæумæ. 23-аздзыд лæппу æнæзивæгæй бавнæлдта цард аразынмæ. Цы бæрнон бынæтты куыста, уым йæ фæстæ ныууагъта рæсугъд фæд. Сæрбæрзонд дзы сты йе ппæт хæстæджытæ æмæ фæдонтæ. Цыколайы йæ номыл ис уынг æмæ скъола, Дзæуджыхъæуы цы хæдзары царди, уый къулыл та — номарæн фæйнæг. Махъоты Алиханы мæлæты бон бирæтæ хъуыды кæнынц, кад æмæ радимæ ныгæд æрцыд Цыколайы æфсымæрон ингæны. Йæ райгуырæн хъæу цы салдæттимæ хъахъхъæдта, уыдоны цур.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania