филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:27 суббота, 31 января 2026
04 августа 2023, 11:39
Сухумы уыдзæн спектакль «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ы премьерæ

Спектакль æвæры Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры аивадон разамонæг, режиссер Уалыты Гиви

22-æм æмæ 23-æм августы Абхазы Республикæйы, Сухумы уыдзæн спектакль «Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ы премьерæ. Федерико Гарсиа Лоркæйы уацмысы хъайтартæ сдзурдзысты абхазаг æвзагыл. Спектакль æвæры Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры аивадон разамонæг, режиссер Уалыты Гиви. Цавæр зындзинæдтимæ сæмбæлд, æмæ йæ ацы хъуыддаг кæронмæ сæххæст кæнын цы сразæнгард кодта, уый тыххæй радзырдта не сфæлдыстадон къордæн. Бакæсæм Хъайтмазты Дзерассæйы сюжетмæ.

«Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ы репитици сухумаг театры йæ тæмæны бацыд. Режиссер Уалыты Гиви æрыгон артисттимæ Абхазаг фæсивæдон театры сценæмæ рахаста Гарсиа Лоркæйы сурæттæ. Цæгат Ирыстоны академион театры аивадон разамонæг ацы хъуыддаг æххæст кæны йæ абхазаг æмкусæг Аслан Еникы хуындмæ гæсгæ.

Уалыты Гиви,  Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры аивадон разамонæг: «2 азы размæ уыд фестиваль национ театртæн Дагестаны. Уым уазджыты хсæн уыд Абхазæй дæр делегаци. Сæ директор Аслан Михайлович мæ куыстытæ куы федта – спектакльтæ «Ромео æмæ Джульеттæ» æмæ «Хивæнд чызг» – уæд загъта, æнæмæнг хъæуы, цæмæй махмæ сæвæрай спектакль. 2 азы дæргъы, куы уымæн нæ уадис, куы мæнæн нæ уыд рæстæг. Ацы аз нæ къухы бафтыд, кæрæдзиуыл сæмбæлдыстæм2.

Уалыты Гивиимæ спектаклыл кусынц Мариинаг театры филиалы сæйраг балетмейстер Суанты Валерий æмæ нывгæнæг-сценограф Уалыты Ларисæ. Режиссер ацы куыст нымайы æппæтæй зындæрыл, фæлæ уыимæ æппæтæй хуыздæр фæлтæрддзинадыл.

Уалыты Гиви, Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры аивадон разамонæг: «Æз куы ныццыдтæн уырдæм, æмæ куы федтон, цы уавæрты кусынц, уæд мæ фыццаг зæгъын фæндыд: Аслан, бахатыр кæн, хорз лæппу дæ, хорз хицау дæр, фæлæ ныртæккæ мæнæн нæй гæнæн. + Мах ныртæккæ аивад аразæм ахæм бынаты, уавæртæ кæм нæй. Адæм хуыйгæ дæр сæхæдæг кæнынц, декорацитæ дæр сæхæдæг æвæрынц, музыкæйы куыст дæр йæхæдæг кæны. Фæлæ дзы цыдæр ис, адæмы фарсмæ æрбалæууын кæм хъæуы, æмæ мын уымæ гæсгæ у тынг уарзон куыст».

Мад, чындз, усгур, Леонардо – сценæйы баиу сты кавказаг темперамент æмæ испайнаг характер. Федерико Гарсиа Лоркæйы хъайтарты ахастдзинæдтæ абхазаг æвзагыл. Уыцы æнкъарæнтæн формæ раттын у режиссеры хæс. Уавæртæ кæд нæй, уæддæр актертæ зæрдæргъæвдæй кусынц.

Уалыты Гиви, Тæбæхсæуты Балойы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон академион театры аивадон разамонæг: «Гыццыл семæ куы аныхас кæнай, уæд дын уыцы адæм сæхи афтæ бауарзын кæндзысты, ахæм хæлар зæрдæйæ дæм ракæсдзысты, æмæ уæд райдайдзынæ æмбарын, æцæг аивадыл  тох кæнынц, цæмæй цы æхсæнады цæрынц, уыцы æхсæнадæн уа аивад. Ай у фæсивæдон театр. Нæй сын æрвылбон кæм репетици кæной, ахæм бынат. Уыцы уавæрты сæ фæнды, цæмæй сæм уа спектакль, цæмæй сæ адæмимæ цæуылдæр дзурой. Æмæ, зæгъын, цæуыннæ балæууа адæймаг ахæм къорды фарсмæ æмæ сын цæуыннæ баххуыс кæна».

«Тугæйдзаг чындзæхсæв»-ы премьерæ Сухумы уыдзæн 22-æм æмæ 23-æм августы. Фидæны азмæ та ма Уалыты Гивимæ ис спектальтæ сæвæрыны хуындтæ 2 æндæр горæтæй. Афтæ аивады фæрцы адæмты хсæн бастдзинæдтæ кæнынц æнгомдæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania