филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:03 пятница, 17 мая 2024
21 сентября 2021, 12:48
Сунниттаг мæзджыт хъæуы рацаразын

Фæлæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ кæнæн тынг зын

Сунниттаг мæзджыт хъæуы рацаразын. Фæлæ дзы цалцæггæнæн куыстытæ кæнæн тынг зын у. Уымæн æмæ объект нымад у, федералон нысаниуæг кæмæн ис, ахæм архитектурæйы æмæ культурон бынты цыртдзæвæныл. Уымæ гæсгæ стыр фæрæзтæй дарддæр бахъæудзæн, цæмæй проект дзуапп дæтта Уæрæсейы закъонæвæрынадæн. Цалынмæ уыцы хъуыддæгтæ бæлвырдгонд цæуой, уæдмæ та алы æвзæр боныхъæд дæр бæстыхайæн у фæлварæны хуызæн. Куыд бахъахъхъæнæн ис нæ горæты фидауц, уый тыххæй радзурдзæн Сосранты Жаннæ.

Сунниттаг мæзджыт, кæнæ  Мухтаровы мæзджыт у культурон бынтæм хаст объект. Хаст у Федералон исбонадмæ. Бæстыхай арæзт æрцыд 1907-æм азы советон азты, æнæхъæн 70 азы бæрц йæ куыст урæд æрцыд.  Уыцы рæстæджы фылдæр хай дзы æрбынат кодта музей. Æрмæст 1998 азы та лæвæрд æрцыд пысылмон диныл хæст адæмы управленимæ. Уæдæй фæстæмæ дзы пайда кæнынц уырнæг адæм.  Бæстыхайы уавæрмæ дæр, Цæгат Ирыстоны муфти Гуæцæлты Хадзымураты ныхæстæм гæсгæ,  сæ цæст дарынц уыдон. Фæлæ æнусæй фылдæр цы арæзтадыл цæуы, уый уавæрмæ стырдæр æргом раздахын хъæуы. Рæстæджы цыд фæбæрæг йæ къуырфыл. Къæвдаты тæдзы йæ царæй, уыимæ афтæ тынг æмæ сæ фенæн ис æнæ лæмбыныг æркастæй дæр, зæгъы Гуæцæлы-фырт.

Зæгъын хъæуы уый, æмæ уырнæг адæмы уыцы уавæр  нæ уромы Мæзджытмæ цæуынæн, уæларвон хъарутæм кувынмæ. Фæстиуджытæй бæргæ тæрсынц, фæлæ сын æндæр уавæртæ нæй. Уæвгæ, къуырфы уавæр ног хабæр нæй, адæм сæхиуыл банкъардтой йемæ баст  алыхуызы цаутæ.

Уыимæ муфти куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй  цалдæр азы размæ мæзджыты къулты æрфыст сног кодтой Хъазанæй хуынд специалисттæ. Ныр тæссаг уавæры ис, уыдоны лæмбынæг æмæ бирæвæрсыг куыст.

Республикæйы культурон бынтæм хаст оъекттæй пайда кæныны æмæ сæ хъахъхъæныны комитеты куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы фарстайаг хъуыддаг алыг кæныныл куыст цæуы. Курдиæттæ æрвыст æрцыд, цæмæй къуырфы цалцæг хаст æрцæуа сæрмагонд Федералон нысанон программæмæ.  Афтæ 2017-æм азы программæ «Уæрæсейы Культурæ»-мæ гæсгæ дзы куыстытæ конд æрцыд хайгай. Цæмæдæр гæсгæ уырдæм хаст не рцыд къуырфы реставраци.  2018-æм азы та ма йæ хъавыдысты бахæссын  программæ «Культурæ æмæ  туризм»-мæ, фæлæ афæдз программæ пандемийæмæ гæсгæ нæ куыста.  Ацы аз та ногæй балæвæрдтой курдиат æмæ æнхъæлмæ кæсынц дзуапмæ.

Уæдмæ та, алы æвзæр боныхъæд дæр Мæзджытæн у æвзарæны хуызæн. Цæгат Ирыстоны муфти Гуæцæлты Хадзымурат зæгъы – фæстаг аз, зынгæ кæй февзæрдæр къуырфы уавæр. Мæзджыты зæрдæризгæйæ æнхъæлмæ кæсынц зымæгмæ.  Хъуыддаг ма зын аразæн уымæй у, æмæ бæстыхайæн уæлдай статус кæй ис. Куыд фæнды, æмæ цы фæнды хуызы йæ нæй цалцæг кæнæн. Закъонмæ гæсгæ культурон бынтæм хаст объекты цалцæгыл кусыны бар ис, канд ахæм куыстыты аразыны лицензи цы организациæм ис, уый специалисттæ. Уыимæ йæ проектыл бакусыны бар, хъуамæ, лæвæрд æрцæуа  Федералон æмвæзады.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania