15 октября 2020, 12:10
Сунниттаг мæзджыты арæзтадыл сæххæст 112 азы
Ацы бæстыхай алкæддæр нымад уыд Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр арæзтæдтæй иуыл
Сунниттаг мæзджыты арæзтадыл сæххæст 112 азы. Ацы бæстыхай алкæддæр нымад уыд Дзæуджыхъæуы сæйрагдæр арæзтæдтæй иуыл. Сунниттаг мæзджыт у Бакуйы минæвар, меценат Муртаз Мухтаровы лæвар. Цæгат Ирыстонимæ йæ бастой йæ хæстæджытæ. Йæ бинонойнаг уыд Тугъанты Елизаветæ. Мухтаровы мæзджыт – у Джума-мæзджыт пысылмон æхсæнадæн майрæмбоны ламаз кæнæн бынат. Уыимæ, бирæ азты уыд æхсæнадон царды, культурæйы æмæ ахуырады центр. Архитектортæ æмæ бæлццæтты хъуыдымæ гæсгæ, ацы историон – архитектурон цыртдзæвæнæн æмбал нæй æппæт дунейы дæр.
темæмæ гæсгæ




