01 марта 2024, 11:57
Сунжæйы номарæн фæйнæджытæ байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, цы хъæбатыртæ фæмардысты, уыдонæн
Бынæттон скъолайы 14 рауагъдоны нæмттæ ныр ам цæрдзысты æнусмæ
Сунжæйы скъолайы номарæн фæйнæджытæ байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы йе фсæддон хæс æххæст кæнгæйæ, цы хъæбатыртæ фæмардысты, уыдонæн. Бынæттон скъолайы 14 рауагъдоны нæмттæ ныр ам цæрдзысты æнусмæ. Алкæцы дæр сæ уыд æцæг патриот æмæ кæстæр фæлтæртæн дæнцæгæн хæссинаг. Мадзалы архайдтой æфсæддонты хиуæттæ æмæ æмбæлттæ, скъоладзаутæ, стæй æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Кæронбæттæны символикон хуызы арвмæ суагътой 14 уæлдæфон шары.
темæмæ гæсгæ




