19 сентября 2023, 13:37
Сунжæйы цæрæг Æлборты Сосланæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг
Фæмард фарон, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ
Сунжæйы цæрæг Æлборты Сосланæн байгом кодтой мемориалон фæйнæг. Фæмард фарон, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ. Цыдис ыл 38 азы. Уæрæсейы Президенты уынаффæмæ гæсгæ ефрейтор Æлборты Сосланы схорзæхджын кодтой лæгдзинады оренæй йæ амæлæты фæстæ. Тохы быдырмæ ацыд йæхи фæндонмæ гæсгæ. Йæ бинонтимæ ныууагъта йæ гыццыл лæппуйы дæр. Ныр ын сæ хæдзары къулыл цы фæйнæг сауыгътой, уымæ кæсгæйæ Сосланы саби зæрдыл дардзæн æмæ йæ сæр бæрзонд хæсдзæн йæ фыды сгуыхтдзинæдтæй.
темæмæ гæсгæ




