филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:14 воскресенье, 29 сентября 2024
21 августа 2014, 17:29
«Суы донор» – ахæм сæргондимæ акци уыд Дзæуджыхъæуы тугдæттыны станцæйы

Ацы хатт туг кæй хъæуы, уыдонæн æй нæ бавгъау кодтой Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады кусджытæ, сæ сæргъы Бæройты Хасан, афтæмæй. Семæ ма уыдысты республикæйы культурæйы архайджытæ дæр.

73827
Ацы хатт туг кæй хъæуы, уыдонæн æй нæ бавгъау кодтой Цæгат Ирыстоны фæсивæды хъуыддæгты, физкультурæ æмæ спорты министрады кусджытæ, сæ сæргъы Бæройты Хасан, афтæмæй. Семæ ма уыдысты республикæйы культурæйы архайджытæ дæр.
Станцæйы дохтыртæ сын сбæрæг кодтой сæ туджы сыгъдæгдзинад, вирустæ дзы ис æви нæ уый. Уый фæстæ æрвыст цæудзæн тугхъуаг дзæбæхгæнæдæттæм.
Акци райдыдта 13-æм августы. Ныридæгæн дзы архайдтой 50 адæймагæй фылдæр. Сты театр «Амыран»-ы артисттæ, фæсивæды социализацийы республикон центры æмæ фæсивæды галуаны минæвæрттæ.
Дохтырты ныхæстæм гæсгæ сæрдыгон дзæбæхгæнæндæтты туг нæ фæфаг кæны. Уымæ гæсгæ ацы акци тынг ахъаз у.
Ныртæккæ та хъуаг æййафынц туджы 1-аг къордæй, нæй сæм 2-аг «отрицательный» æмæ 3-аг «положительный» кæй хонынц, ахæм туг.
Пхалæгаты Владимир, Дзæуджыхъæуы ихын галуаны хицау: «Кæд искæй миййаг туг хъæуа, уæд мах цæттæ стæм баххуыс кæнынмæ. Ацы бæстыхаймæ дæр уымæн æрбацыдыстæм æмæ баххуыс кæнæм дохтыртæн дæр, рынчын чи у, уыдонæн дæр. Ам стæм мæнæ абон. Мæ зæрды афтæ зæгъæн и сæмæ цæмæй иннæтæ дæр бафæзмой мæнæ ацы рæсугъд адæмы. Æмæ куыд цæуой. Уый хорз хъуыддаг у».
Кцойты Кæринæ, республикон тугдæттыны станцæйы дохтыр: «Акци кæй сарæзтой, уый у тынг ахсджиаг хъуыддаг. Уымæн æмæ туг нæ фаг кæны. Стæй ма мæ зæрды ис зæгъын иннæтæн дæр, цæмæй уыдон дæр æрбацæуой æмæ ма бавгъау кæной туг. Радтой туг».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania