Къайад фидаргæнæн хайады сæм æнхъæлмæ каст æхсызгон лæвар. Раарфæ сын кодта районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан, сылгоймæгтæн та балæвар кодта дидинджытæ.
Къайад фидаргæнæн хайады сæм æнхъæлмæ каст æхсызгон лæвар. Раарфæ сын кодта районы администрацийы сæргълæууæг Есиаты Руслан, сылгоймæгтæн та балæвар кодта дидинджытæ. Сæ цард баиу кæнын чи сфæнд кодта, уыдоны ‘хсæн уыдысты æрыгæттæ, стæй хистæр кары адæм дæр. Куыд загътой, афтæмæй 14-æм февраль хуымæтæджы нæ равзæрстой. Уырны сæ, уарзондзинады бон регистраци скæнын у – фидар æмæ амондджын бинонты нысан.
Мырыкаты Зæринæ, Горæтгæрон районы къайад фидаргæнæн хайады хицау: «Мæ зæрды уыдис, йæ цард баиу кæнын кæй бафæндыд, уыдонæн скæнын чысыл бæрæгбон. Нæ администрацийы сæргълæууæг нын баххуыс кодта æхцайæ дæр, æнæ уый дæр. Фæнды нæ раарфæ кæнын æрыгон бинонтæн. Абон у тынг рæсугъд бон. Нæ зæрдæ сын зæгъы, бирæ сывæллæттæ сын куыд рацæуа, æнæниз куыд уой, кæрæдзийы бирæ куыд уарзой, кæрæдзийæн аргъ кæнын куыд зоной».