Кувæг адæмæн сæ бон у æрбацæуын æмæ йыл андзæвын
Сыгъдæг Муромаг Петр æмæ Февронияйы буары хæйттимæ ковчег Мæскуыйæ сластой Дзæуджыхъæумæ. Кувæг адæмæн сæ бон у æрбацæуын æмæ йыл андзæвын. Уыцы фадат ис равдыст – армукъа «Чырыстон Ир» бабæрæг кæнгæйæ. Байгом 10-æм хатт. Спорты галуан «Манеж»-ы æрбацæуджытæн бацæттæ кодтой аргъуаны æмæ моладзандонты атрибутикæ, ювелирон дзаумæттæ, уырысы æрмдæсныты конд уазнывтæ, æдæмон æрмадзты арæзт продукци. Армукъайы фæлгæты ис равдыст-форум «Дзырды цин». 300 чиныгæй фылдæр. Уыимæ, динимæ, рухстауынадимæ, историимæ баст чингуытæ, стæй, кæй зæгъын æй хъæуы, сывæллæтты литературæ. «Чырыстон Ир» Дзæуджыхъæуы сæмбырд кодта 100 архайæгæй фылдæр. Уый Уæрæсейы, Белоруссийы, Сербийы, Сирийы, Гуырдзыйы æмæ Грекъы дины æмæ æхсæнадон организациты минæвæрттæ. Равдыст-армукъа ахæсдзæн 14-æм июлы онг.




