филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:05 вторник, 16 декабря 2025
02 октября 2025, 10:35
Сыгъзæрин къухты хицау – Цорæты Хазби

Хъæдæрмæгæй кæны хæдзары дзаумæттæ, алыхуызон композицитæ

Сыгъзæрин къухты хицау. Афтæ хонынц æрмдæсны Цорæты Хазбийы. Хъæдæрмæгæй кæны хæдзары дзаумæттæ, алыхуызон композицитæ. Йæ кæрты та цыма аргъауæй хъæд ис, афтæ. Йæ куыстыты фылдæр хай Хазби байуары сидзæр сывæллæтты хæдзæрттыл æмæ сæ ратты алыхуызон равдыстытæм. Курдиатджын æрмдæсныйы тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Йæ алы куысты дæр æвæрд ис ивгъуыдæй истори. Разæнгард æй кæнынц йæ сабибонтæй æнкъарæнтæ. Ам ис кинонывæй рагон куырой дæр æмæ аргъæуттæй хæдзæрттæ дæр.  Афтæ кæсы, цыма бæласы хъæдæй æцæг галуан скæнын Цорæты Хазбийæн æнцон хъуыддаг у. Уыимæ райдайæн æрмæг цас æнахуырдæр у, уыйбæрц цымыдисагдæр рауайдзæн кæронбæттæн дзаума. Ахæм æрмæг ссарынмæ æрмдæсны цæттæ у сыхаг республикæмæ дæр ацæуын.

Хъæдæй йæ фыццаг дзаума Цорæты Хазби скодта 10 азы онг размæ. Раздæры аразæг ахæм куыст никуы кодта. Инфаркты фæстæ йæ цард аивта. Куыд зæгъы, афтæмæй рынчындоны уæвгæйæ тынг тыхстис. Йæ бинойнаджы курдиатмæ гæсгæ скодта стъол æмæ бандæттæ. Рауадис, æмæ уæдæй фæстæмæ ацы хъуыддаг сси йæ сæйраг архайд.

Фидæны дзауматы сурæттæ равзæрынц куысты рæстæг. Æрмдæсны лæмбынæг архайы алы лыстæг хъуыддагыл дæр. Зæгъæм, куыройгæс æнæмæнг у ссадæй змæст, хæдзæртты дуæрттæ æмæ рудзгуытæ та змæлгæ сты. Ирд бæлæстæ, цыма алæмæты дыргъдонæй сты, афтæ. Бакæсынмæ сæм æрбацæуынц сыхаг сывæллæттæ. Хазби йæ куыстытæм уадзы æрмæст æркæсын нæ, фæлæ сæм æвналын дæр. Уымæ гæсгæ Мæрзойты Ася сывæллæттимæ арæх æрбацæуы уазæгуаты.

Йæ куыстыты фылдæр хай Цорæты Хазби байуары адæмæн. Лæвар сæ кæны сывæллæтты хæдзæрттæн, ратты сæ алыхуызон равдыстытæм. Йæ коллекци æдзух хъæздыг кæны ног экспонаттæй. Æххуыс ын кæнынц йæ цоты цот дæр.

Хъæдæрмæгимæ кусгæйæ, Хазбийæн йæ бон у сахатгай бадын. Рæстæг куыд атæхы, уый æмбаргæ дæр нæ бакæны

Абон йæ кæрт у музейы хуызæн. Æмбæхст дзы ис алæмæты паддзахад. Къæсæрыл та æнхъæлмæ кæсынц ног æрмæджытæ. Гæнæн ис, æмæ уыдон сты фидæн хъæдын хæдзæрттæ, кæнæ та æндæр цымыдисаг композицитæ. Бæлвырд у иу – тагъд рæстæджы та Цорæты Хазбийы коллекци фæхъæздыгдæр уыдзæн.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania