филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

19:02 вторник, 03 ноября 2026
08 марта 2025, 10:36
Сылгоймаджы ахадындзинадыл нырыккон æхсæнады ныхас цыд Цæгат Ирыстоны сæлгоймæгты Советы

Ахджиаг фембæлд ацыд гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты

Сылгоймаджы нысан æмæ ахадындзинад нырыккон æхсæнады. Йе вæрæн бинонты æмæ удварны хæзнатæ парахат кæныны хъуыддаджы, стæй суанг сæрмагонд æфсæддон операцийы архайдыл ныхас цыд, Цæгат Ирыстоны сæлгоймæгты Совет цы æмбырд сарæзта, уым. Ахджиаг фембæлд ацыд Цæгат Ирыстоны гуманитарон æмæ социалон иртæстыты институты. Мадзал арæзт æрцыд, Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы Аз æххæст кæнгæйæ, æмæ баст уыд дыууæ ахсджиаг цауимæ — Фыдыбæстæ хъахъхæнæджы æмæ Сылгоймæгты æппæтдунеон бон — 8-æм мартъийы бæрæгбонимæ. Сылгоймæгты Советы разамонæг Хабцыты Ларисæйы хъуыдымæ гæсгæ, ахæм фембæлдтытæ фадат дæттынц дыууæ бæрæгбоны бастдзинад æмæ ахадындзинад банкъарынæн. Фембæлды кадджын уазджыты хсæн уыдысты Парламенты Сæрдар Тускъаты Таймураз, республикæйы раздæры сæргълæууæг Битарты Вячеслав, вице-премьер Платы Альбинæ, Дзæуджыхъæуы наукон центры директор Цыбырты Алексей, ветеранты Советы сæрдар Фриаты Хъазыбег, Уæрæсейы Хъæбатыр Тыбылты Марат, культурæйы æмæ наукон æхсæнады минæвæрттæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Мадзалы уæвджыты хъуыды уыд иу — ахæм æмбырдтæ сты тынг ахсджиаг. Се ппæтæн дæр сæ бон вæййы бæрæгбоны тæваг банкъарын, кæрæдзиимæ аныхас кæнын, æмæ фидæнмæ æмгуыстады фарстатæ снысан кæнын. Кæронбæттæны вице-премьер Платы Альбинæ, республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй Хуссар Ирыстоны сылгоймæгты Советы сæрдар Зассеты Жаннæйæн балæвар кодта номыл сахат.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania