филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 вторник, 17 марта 2026
05 марта 2026, 11:04
Сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ Базарадон-экономикон колледжы арæзт æрцыд цымыдисаг спартакиадæ

Архайдтой дзы æрмæст студенттæ нæ, фæлæ ахуыргæнджытæ æмæ кусджытæ дæр

Сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ Базарадон-экономикон колледжы арæзт æрцыд цымыдисаг спартакиадæ. Архайдтой дзы æрмæст студенттæ нæ, фæлæ ахуыргæнджытæ æмæ кусджытæ дæр. Волейбол, шахмæттæ, теннис. Ерыстæ уыдысты алыхуызон дисциплинæтæм гæсгæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Цæгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы спартакиадæ байгом волейболæй хъазтæй. Æрвылбоны уæлæдарæс спортивон формæйæ чи раивта, уыдонæй иу у химийы ахуыргæнæг Гаглойты Таирæ. Ацы турнир ын сси хорз гæнæн спортивон фæзмæ рацæуынæн. Ахуыргæнæг куыд зæгъы, афтæмæй колледжы разамынды хъæппæрисы тыххæй куы базыдта, уæд уайтагъд сразы ис. Скъолайы азты архайдта волейболæй, æмæ йын уыйбæрц рæстæджы фæстæ уæлдай æхсызгон у ногæй та йе спортивон арæхстдзинад равдисын.

Колледжы педагогтæн æмæ кусджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацыд республикæйы ахуырады æмæ наукæйы министры хæдивæг Габеты Вадим. Йæ ныхæстæм гæсгæ, ахæм мадзæлттæ сты хорз дæнцæг студенттæн. Йæ зæрдæ се ппæтæн дæр загъта, æнæхин тох æмæ ирд уæлахизтæ. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахæм фæлтæрддзинад хъæуы парахат кæнын республикæйы иннæ астæуккаг ахуыргæнæндæтты дæр.

Спартакиадæйы архайдта 100 адæймаджы онг – ахуыргæнæндоны педагогтæ, административон персонал æмæ техникон кусджытæ. Мадзал аразджытæ бацархайдтой аххæссын алыхуызон спортивон дисциплинæтыл, цæмæй алчидæр ссара йæхицæн зæрдæмæдзæугæ хъуыддаг. Се *хсæн: волейбол, шахмæттæ, стъолыл теннис æмæ шашкæтæ.

Спартакиадæ сбастой сылгоймæгты æппæтадæмон бонимæ. Бацархайдтой, цæмæй ерысгæнджытæм æрмæст спортивон цымыдисдзинад ма уа, фæлæ банкъарой æцæг бæрæгбон. Ерысты хатдзæгтæ сбæрæг уыдзысты къуырийы кæронмæ. Уæлахиздзаутæн æмæ призертæн саккаг кæндзысты æхцайы премитæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania