филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

16:52 вторник, 17 марта 2026
07 марта 2026, 09:51
Сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ мидхъуыддæгты министрады историйы музейы кад кодтой, Фыдыбæстæ хъахъхъæнын йæ царды хъуыддаг кæмæн сси, уыдонæн

Кадджын мадзалы уазджытæ систы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ

Сылгоймæгты æппæтадæмон боны агъоммæ мидхъуыддæгты министрады историйы музейы кад кодтой, Фыдыбæстæ хъахъхъæнын йæ царды хъуыддаг кæмæн сси, уыдонæн. Кадджын мадзалы уазджытæ систы сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Сæ зæрдæтæ сын канд бæрæгбоны концертæй нæ барухс кодтой, фæлæ ма сын сæ зæрдыл æрлæууын кодтой, Уæрæсейы стыр уæлахизтæм сылгоймаг цы стыр æвæрæн хаста кæддæриддæр, уый. Райдай ивгъуыд æнусты хæстытæй, æмæ ныры онг фæуы. Кадджын уазджыты хсæн уыд æфсæддон медик Мария Мирошниченко. Хорзæхджынгонд æрцыд æхасрдзинады тыххæй майданæй. Залы азæлыдысты уарзон зарджытæ, стæй равдыстой кинохроникæйы кадртæ. Алы сфæлдыстадон номыр дæр баст уыд сылгоймæгты ныфсхастдзнады æмæ лæгдзинады темæимæ. Кæронбæттæны сылгоймæгтæн радтой уалдзыгон дидинджытæ æмæ зæрдылдарæн лæвæрттæ. Историйы музейы фембæлд ма иу хатт равдыста: сылгоймаджы рæсугъддзинад æмæ лæгдзинад лæууынц кæрæдзийы фарсмæ. Уæлахизмæ тырнындзинад та æнустæм фыст æрцыд нæ бæстæйы историйы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania