Ныридæгæн бакодтой егъау куыст – бамбæрзтой йын йæ сæр, фæвæййынц ын йæ къултæ æмæ дзæнгæрджыты агъуысты мидæггаг куыстытæ
Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны кæрты аразынц стыр аргъуан. Ныридæгæн бакодтой егъау куыст – бамбæрзтой йын йæ сæр, фæвæййынц ын йæ къултæ æмæ дзæнгæрджыты агъуысты мидæггаг куыстытæ. Аргъуан хъуамæ суа, уырнæг адæмы йæхимæ чи лвасдзæн, ахæм ног чырыстон дины бынат. Бæстондæр радзурдзæн Чехойты Фатимæ.
Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны кæрты æнтыстджынæй цæуы стыр аргъуаны арæзтад. Иу агуыридур иннæуыл – афтæмæй уæларвмæ тындзы, мигътыл æндзæвгæйæ. Аив хызæгтæ æмæ дурæй конд барельефтæ сты Мæрзойты Самсоны конд. Дыууæ азы дæргъы арæзтадон куыстыты фæстæ аргъуан йæ хуыз скалдта.
Дзæнгæрджыты бынатæй арæзтадон фæйнæджытæ кæй райстой, уый дæр у стыр къахдзæф. Æддаг бакаст аивгонд æрцыд рагон алайнаг æмæ сербаг дурæй арæзт аргъуантæм гæсгæ. Дзуæрттæ та конд сты Хуссар Ирыстоны Морахы Дзуæртты хуызæн.
Аргъуаны æддаг къулæн специалисттæ æрдзон дуртæн систой сæ джипптæ. Уыдон-иу байдзаг кодтой сæрмагонд æрмæгæй – уазалтæн фæразон æмæ бирæ азты чи фæлæууа, ахæмæй. Уыцы æрхъуыдыйы руаджы арæзтадæн йæ бакаст у рагон аргъуанты æнгæс, уыимæ у фидар æрмæгæй арæзт.
Уæллаг аргъуаны фесты къулты æмæ дзæнгæрджыты бынаты мидæггаг куыстытæ. Райдзаст хицæн агъуыстытæ уырнæг адæмæн æмæ зарæггæнджытæн. Скæндзысты ма сыл нывтæ æмæ фыстытæ. Дæллаг аргъуаны та сæвæрдтой донæй аргъауынæн найæн бынат.
Арæзтад куы фæуа, уæд республикæйы фæзындзæн чырыстон дины уырнæг адæмы иугæнæг бынат.




