филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:43 суббота, 21 сентября 2024
19 июля 2019, 15:39
Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны сбæрæг кодтой Сыгъдæг Елизаветæ æмæ Варварæйы номыл бæрæгбон

Чырыстон диныл хæст сæдæгай адæмтæ республикæйы алы районтæй æрбацыдысты ацы алæмæты бынатмæ, æмæ сын фадат уыд хъизæмаргнæджыты стæгдарты хайттыл андæзвынæн

Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны сбæрæг кодтой Сыгъдæг Елизаветæ æмæ Варварæйы номыл бæрæгбон. Чырыстон диныл хæст сæдæгай адæмтæ республикæйы алы районтæй æрбацыдысты ацы алæмæты бынатмæ, æмæ сын фадат уыд хъизæмаргнæджыты стæгдарты хайттыл андæзвынæн. Бæрæгбон куыд рауад, уый тыххæй бæстондæр радзурдзæн Гуытъиаты Алинæ.

Куыд иннæ хæттыты, афтæ та ныр дæр бæрæгбоны службæмæ бирæ адæм æрбамбырд. Сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны ныртæккæ æндæрхуызон комулæфт ис. Бæрæг дзы кæнынц хъизæмаргæнджытæ Стыр æхсин Елизаветæ æмæ моладзан Варварæйы бæрæгбон. Уыдоны кадæн сарæзтой, моладзандоны бæстыхайы цы аргъуан ис, уый. Ацы ран хуыцаумæ кувынц куыд дины кусджытæ, афтæ хуымæтæг адæм дæр. Цæстуарзонæй нын радзырдтой, цавæр хъуыдытæ æмæ æнкъарæнтимæ сæмбæлдысты ацы дисссаджы чырыстон бæрæгбоныл, уый тыххæй.

Ам, моладзандоны бæстыхайы сарæзтой Елизаветæйы центр дæр. Йæ нысан у, Беслæны теракты хъыгдард чи баййæфта, уыцы сывæллæттæн баххуыс кæнын. Сабитæ рахъомыл сты, фæлæ центр йæ хæрзаудæн куыст нæ ныууагъта. Сывæллæттæ ам æмхиц кæнынц чырыстон динмæ, ахуыр кæнынц истори. Хорз зонынц абоны бæрæгбоны нысаниуæг дæр.

Бæрæгбоны службæйы фæстæ райдыдта дзуары цыд. Уый фæстæ та уазджыты бафæндыдис аргъуаны кæрты асимын. Уыцы хъæппæрисæй тынг разыйæ баззадысты моладзандоны цæрджытæ.

Ацы фынгæвæрд дæр бæрæгбонмæ хауы. Аргъуаныл æххæст кæны фынддæс азы. Моладзандоны разамонæг мад Ноннæ куыд зæгъы, афтæмæй æнæ Хуыцауы æххуысæй юбилей нæ сырæзтаид. Фынддæс азмæ сæ къухы бирæ æнтыстдзинæдтæ бафтыд. Фæлæ сæ сæйрагдæрыл нымайынц, адæмы зæрдæты Хуыцаумæ уарзондзинад кæй фæзындис, уый.

Бæрæгбоны сыгъдæг зæдтæй курынц, цæмæй сæ хъахъхъæной, цæмæй сын радтой сабырдзинад æмæ æнæниздзинад. Моладзандоны куыд зæгъынц, афтæмæй сыгъдæгзæрдæйæ чи кувы, уыдоны куывдтытæ æппæт дæр уæлæрвтæм фехъуысдзысты, Елизаветæ æмæ Варварæ та сын æххуысгæнæг уыдзысты.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania