филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

14:11 вторник, 16 декабря 2025
23 июля 2025, 11:50
Сырх-Дыгур ногæй сси рекорды аккаг

90 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм адæм дзы ныртæккæ цæры 17 адæймаджы

Сырх-Дыгур ногæй сси рекорды аккаг. 90 азæй фылдæр кæуыл цæуы, ахæм адæм дзы ныртæккæ цæры 17 адæймаджы. Ацы мæйы кæрон ацæргæ адæмæн ратдзысты сертификаттæ. Уæвгæ та Сырх-Дыгур Уæрæсейы у иунæг хъæу, æнтыстдзинæдты хыгъды æртæ хатты фыст чи æрцыд, ахæм. Фыццаг хатт хъæу рекордты чиныгмæ бахауд 2020-æм азы. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Чехойты Фатимæ.

90 азы фæцæрын адæймаджы сæйраг нысан кæй нæу, уый куыд бамбарын кæндзынæ сабийæн? Сакъиты Сергей ныртæккæ у, Сырх-Дыгуры 90-азæй фылдæр кæуыл цæуы, уыцы адæмæн сæ кæстæр. Йæ дæргъвæтин царды сусæгдзинад хуымæтæг у.

Сергей æхсызгонæй æрымысы йæ сабибонтæ. Уыдысты бирæсывæллонджын бинонтæ. Фæстæдæр йæхæдæг дæр схъомыл кодта 11 сывæллоны. Фæкуыста аграрон къабазы. Йæ фæлладуадзыны рæстæг ын фæзынд фадат сфæлдыстадæн – фыссы æмдзæвгæтæ. Уарзы йæ кæстæрты кæстæртимæ аныхас кæнын, радзуры сын царды цымыдисаг хабæрттæ. Хъæуы ацæргæ адæмæй иу у Рæмонты-Сабеты Липæ дæр. Сентябры йыл сæххæст уыдзæн 92 азы.

Липæ уазджытæн цай йæхæдæг акæны. Кæд ыл йæ цот æмæ уыдоны кæстæртæ зæрдиагæй узæлынц, уæддæр кæны хæдзары куыстытæ. 93-аздзыд Мамыкъаты-Гасынты Нависæ райсомы зарядкæ иу хатт дæр нæ фæуадзы. У дæнцæг йæ кæстæртæн.  30 азæй фылдæр фæкуыста немыцаг æвзаджы ахуыргæнæгæй. Ныр йæ ном хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ.

Уæрæсейы рекордты чиныгмæ бахауын Нависæйы бинонтæн ногдзинад нæу. Йæ фырттæй иуы ном Сырх-Дыгуры цæрæг фысджыты Цæдисы уæнгтæй фондзимæ чиныгмæ хаст æрцыд 5 азы размæ. Уый хъæуæн уыд æхсызгон цау. Афæдзы фæстæ та Сырх-Дыгур фесгуыхт, æппæты фылдæр 90-аздзыд адæм дзы кæй цæры, уымæй. Регистрацийы  рæстæг сæ нымæц уыд 18. Ацы аз хъæу рекорд ногæй ныффидар кодта.  Æдæппæтæй йæ цæрджыты нымæц хæццæ кæны 2 минмæ. Алы 111-æм адæймагыл дæр цæуы 90 азæй фылдæр. Ленины уынджы дзы цæрынц æртæйæ.  Рекордтæ хыгъд æрцыдысты хъæуы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæджы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Мæрзойты Оледжы руаджы. Уый зæрдæйы сæвзæрд ацы хъæппæрис, йæхæдæг балæвæрдта курдиаттæ,  хъæугæ гæххæттытæ дæр йæхæдæг фембырд кодта.

Мæйы кæрон Сырх-Дыгуры ацæргæ адæмæн ратдзысты Уæрæсейы рекордты Чиныджы сертификаттæ. Мæрзойты Олег курдиат бахаста республикæйы сæргълæууæгмæ, хъæуы æппæты хистæр цæрджыты материалон æгъдауæй æрхъуыды кæныны тыххæй.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania