филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:17 суббота, 21 сентября 2024
17 декабря 2012, 09:55
Сырх-Дыгуры скъолайы байгом спортивон зал

Сырх-Дыгуры цæрджытæ рагæй кæмæ æнхъæлмæ кастысты, уыцы хорздзинад сыл æрцыд. Хъæуы скъолайы кадджын уавæры байгом спортивон зал.

Арæзт æрцыд сæрмагонд федералон программæ æхæстгæнгæйæ.

Сырх-Дыгуры цæрджытæ рагæй кæмæ æнхъæлмæ
кастысты, уыцы хорздзинад сыл æрцыд. Хъæуы скъолайы кадджын уавæры
байгом спортивон зал.

Арæзт æрцыд сæрмагонд федералон
программæ æхæстгæнгæйæ. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй ахæм залы аразæн ис
æрмæст скъолайы нæ, фæлæ ма районты хсæн спортивон ерыстæ дæр. Хъæуы
цæрджытæ ма цин кæнынц, се скъола сын бындуронæй кæй сцалцæг кæндзысты,
ууыл дæр.

Сырх-Дыгуры скъола арæзт æрцыд 1935 азы.
Уæдæй фæстæмæ бындурон цалцæггонд никуы уыд. 80 азмæ та бæстыхай рцыд
кæлæддзаг уавæрмæ: цартæ æрызгъæлдысты, пъолтæ ныттыдтой, спортивон
залæй та уæвгæ дæр къултæ йеддæмæ ницы уал баззад. Хъуыддаг афтæ рауад
æмæ скъолайы бæстыхайæн йæ фундамент дæр ныббадти. Æмæ специалисттæ
хъуыды кодтой, ногæй аразой скъола æви хуыздæр уыдзæн ацы бæстыхай
банывыл кæнын. Скодтой сметæ æмæ бавнæлдтой куыстытæм.

Бæстыхай бахастой кæлæддзаг æмæ
цалцæггæнинаг скъолатæм базилыны федералон программæмæ. Æппæты фыццаг
хæс та уыд – бындуронæй сцалцæг кæнын спортивон зал. Рацыд 6 мæйы æмæ
ныр хъæуы цæрджытæ иууылдæр цин кæнын ног агъуыстыл.

Спортивон зал байгом кæнынмæ æрæмбырд
сты æнæхъæн хъæуæй. Æмæ сын æхсызгон куыд нæ уыд, сæ циныл бацин кæнынмæ
сæм уазджытæ кæй ссыдысты, уый: республикæйы хицауады сæрдары
хæдивджытæ Таболты Сергæй æмæ Зæнгионты Виталий, Æрæфы районы
администрацийы сæргълæууæг Бекмæрзты Валерий æмæ иннæтæ. Ног агъуысты
ацыд Сырх-Дыгуры æмæ Лескены командæты хсæн хъазт баскетболæй.

Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй сæ ныр
ничиуал бауромдзæн æмæ æрмæст Лескены скъоладзаутимæ нæ, фæлæ æгас
районы скъолатимæ дæр ерыс кæндзысты спорты алы хуызтæй. Уæвгæ ног
бæстыхайы ис æппæт фадæттæ районы ерысты аразынæн дæр.

Скъолайы спортзалмæ кæй базылдысты, уый у йæ рацарæзты фыццаг къæпхæн. Хæстæгдæр рæстæг бавналдзысты иннæ бæстыхæйттæм дæр.

Зыхъуаты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania