филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:13 суббота, 28 сентября 2024
28 апреля 2021, 14:46
Сырх-Дыгуры цæрæг Бузойты бинонтæн сæ бирæ азты фæллæйттæ арты уацары баисты, æхсæвыгон ссыгъд сæ хæдзар

Сæ абоны уæззау уавæр сын федта не сфæлдыстадон къорд

Æнæнхъæлæджы хæдзаргæнæг систы. Сырх-Дыгуры цæрæг Бузойты бинонтæн сæ бирæ азты фæллæйттæ арты уацары баисты, æхсæвыгон ссыгъд сæ хæдзар. Сæ абоны уæззау уавæр сын федта не сфæлдыстадон къорд. Ныхасы бар Сосранты Жаннæйæн.

Сырх – Дыгуры цæрæг, нæуæдз иу аздзыд Бузойты Барис æмæ Еленæ се взæр фынты дæр нæ уыдтой сæ абоны уавæр. Цы стыр бæллæх сыл æрцыд, уымæй ничи у хызт, арты цæхæры хъаруйæн адæймаг алкæд нæ разыны фæразон. Æхсæвыгон ссыгъд сæ сара æмæ йæ пиллон суагъта æппæт арæзтæдтыл дæр. Къæрцхъус сыхæгты фæрцы сæ удтæ фервæзысты, фæлæ æнæ хæдзарæй баззадысты.

Абон, сæ бирæ азты фæллæйттæм акæсгæйæ, Барис æмæ Еленæйы зæрдæтæ бæргæ мæгуыр кæнынц, хуымæтæг зæхкусæг адæм алы дзаумайы аргъ дæр дзæбæх зонынц, фæлæ дзы уæддæр адæймаджы цардæй зынаргъдæр ницы ис, зæгъы Бузойты Барис.

Уæдæ хæдзары фсин Бузойты Еленæ та уæлдай зын скодта сæ дыууæ хъуджы æмы род, кæй басыгъдысты, ууыл. Куыд федтам, афтæмæй се скъæттæ дæр бын сыгъд бакодтой.

Хæдзары бинонтæ куыд зæгъынц, афтæмæй зынгхуыссынгæнджытæ Цыколайæ цыдысты 50 минутмæ хæстæг, фæлæ уыдонæн дæр сæхи хъарутæй не нтыст зынг ахуыссын кæнын, æмæ сæм æххуысы æрбацыдысты сыхаг районты зынгхуыссынгæнæг бригадæтæ. Уыимæ сыхæгтæ стыр æххуыс бакодтой бинонтæн.

Ахæм хабармæ æнхъæлмæ ничи фæкæсы, уый æмбарынц Æрæфы районы администрацийы дæр æмæ Лагкуыты Омары ныхæстæм гæсгæ сæ хъару æмæ сæ бон цас у, уыйас баххуыс кæндзысты бинонтæн.

Ныртæккæ Бузойты бинонтæ цæрынц сæ хæстæджыты хæдзары. Æнхъæлмæ кæсынц зæрдæхæлар адæмы æххуысмæ. Баххуыс кæнын кæй фæнды Бузойты бинонтæн, уыдоны бон у æхцайы фæрæзтæ арвитын сæрмагонд хыгъдтæм, уынут сæ уæ экрантыл.Æнæнхъæлæджы , нæуæдз иу аздзыд Бузойты Барисæн хæдзаргæнæг æрбауын æнцон кæм у.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania