филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:27 среда, 11 июня 2025
17 мая 2025, 10:34
Сырх-Дыгуры цæрджытæ сбæрæг кодтой Уæлахизы 80 азы бон

Уыимæ дзы байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи бацарæфтыд, уыдоны номыл аллейæ

Куыд нæ бæстæйы æппæт рæтты, афтæ Æрæфы районы Сырх-Дыгуры цæрджытæ дæр сбæрæг кодтой Уæлахизы 80 азы бон. Уыимæ дзы байгом кодтой, сæрмагонд æфсæддон операцийы чи бацарæфтыд, уыдоны номыл аллейæ. Бæстондæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Сырх –Дыгуры цæрджытæ уæлдай кад кæнынц сæ абоны сæрибар цардмæ фæндаг аразджытæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты райдиан ацы хъæу Ирыстоны нымад уыд æрыгондæртæй иуыл. Адæм дзы æрцардысты 1931-æм азы. Фæшисттæ нæ республикæмæ куы æрбабырстой, уæд сæ фæндаг уыд Сырх-Дыгурыл. 1942-æм азы декабры кæрон  бафæрæзта 17 ныббырстæн.

Абон Сырх-Дыгуры уæззау хæсты цыды хабæрттæ бакæсæн ис чингуыты, интернеры хызты, фæлæ кадджын мадзалмæ чи æрбацыд, уыдон сæ раныхасы, æппæт æрбацæуджыты зæрдæтыл æрлæууын кодтой, куыд зынтæй бафтыд къухы абоны сæрибар цард, куыд ахсджиаг у, уыцы рæстæгæн, уыцы хъæбатыртæн кад кæнын, сæ мысинæгтæ сын фæлтæртæм хæццæ кæнын.

Уæвгæ Сырх-Дыгурæй Фыдыбæстæйы Стыр хæстæмæ ацыд 670 адæймаджы, 300 фылдæр дзы нæл æрбаздæхт йæ фыды уæзæгмæ. Цы æфсымæрон ингæн дзы ис, уым та се *нусон бынат ссардтой ацы бынат немыцаг æрдонгтæй чи уæгъд кодта, уыцы сæдæ сырхæфсæддоны.Ныр та ма, хъæуы администрацийы разамынды фæндонæй,  ацы номарæн бынаты сæнусон кодтой сæрмагонд æсæддон операцийы бынаты сæ цард кæмæн аскъуыд, уыцы 8 хæстоны нæмттæ.

Фæбæрæг кæнын ма хъæуы уый дæр æмæ Сырх-Дыгуры хъæуæн хуымæтæджы кæй нæ саккаг кодтой кадджын статус «Населенный пункт воинской доблести».

Иу уысм дæр гуырысхойаг нæу йæ истори кады аккаг кæй у.  Йæ  азфысты хабæрттæ, цымыдисаг кæмæн сты  уымæн та ис фадат  хъæуы цæрджыты мысинæгтæй цы чиныг арæзт æрцыд «Сырх-Дыгур», уыцы чиныджы семæ базонгæ уæвын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania