филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:32 пятница, 17 мая 2024
22 февраля 2022, 11:50
Сырх-Дыгуры цæрджытæн радтой фæйнæ 20 мин сомы

Июлы Сырх-Дыгур хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ, куыд тæккæ фылдæр хистæр кары цæрæг адæм кæм ис, афтæ

Æрæфы районы Сырх-Дыгуры цæрджытæн радтой фæйнæ 20 мин сомы. Уыцы хъæппæрисы хицау у хъæуы цæрæг æрыгон лæппу Мæрзойты Олег. Йæ фæндон ын цардмæ рауадзынæн баххуыс кодтой республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло, Æрæфы районы раздæры сæргълæууæг Хидирты Батраз, стæй амалхъом адæймаг Золойты  Артур. Июлы Сырх-Дыгур хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ, куыд тæккæ фылдæр хистæр кары цæрæг адæм кæм ис, афтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ Сосранты Жаннæйы сюжеты.

Æрхъуыды алкæмæн дæр æхсызгондзинад хæссы. Ацæргæ адæймагæн та, уæлдай дæр. Сырх-Дыгуры хистæртæ бацин кодтой сæ уазджытыл. Социалон райрæзты æмæ фæллойы министр Айдарты Алинæ, Æрæфы районы администрацийы  сæргълæууæг Лагкуты Омар æмæ бархион Мæрзойты Олег сыл сæмбæлын кодтой æхцайы фæрæзтæ.

Сæрды Сырх-Дыгур хаст æрцыд Уæрæсейы рекордты чиныгмæ. Уым, Уæрæсейы хъæутимæ абаргæйæ дзы хистæр кары адæм уыцы-иу рæстæг тæккæ  фылдæр цæры. Уæд сын балæвар кодтой сертификаттæ æмæ лæвæрттæ. Фæлæ проекты автор Мæрзойты Оледжы бафæндыд ссарын фæрæзтæ æхцайæ сын баххуыс кæнынæн.

Сырх-Дыгурæй фынддæс адæймаджы нæмттæ хаст æрцыдысты хъæуы хистæр кары адæмы номхыгъдмæ. Кæд сертификаттæ се ппæтыл дæр сæмбæлдысты, уæд æхца та райсыны онг  дзы иу нæ фæцард, фæлæ 20 мин сомы радтой йæ бинонтæн.

Сырх-Дыгуры сæ хистæртыл аудынæн агурынц æмæ кæнынц алыхуызы амæлттæ. Бафæзминаг у сæ æнæзивæг архайд алыхуызон федералон æмæ национ программæты дæр. Сæ хъæуы астæу саив, æрæджы дзы цы фæлладуадзæн фæз байгом, уымæй дæр. Ныр Сырх – Дыгуры алы кары адæмы бон дæр у ам кæрæдзиимæ фембæлын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania