филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

11:18 воскресенье, 01 февраля 2026
25 октября 2023, 11:47
Сырхауты Аланы машинæйы бæлццæттæн кæддæриддæр вæййы æнцон æмæ хъæлдзæг

Уымæн æмæ шофыр канд адæймаджы домæнтæ не ххæст кæны, фæлæ сын лæвар кæны хорз зæрдæйы ахаст, стæй ма сын заргæ дæр акæны

Канд хъæугæ бынатмæ баласын нæ, фæлæ ма хорз зæрдæйы ахаст дæр балæвар кæнын. Сырхауты Аланы машинæйы бæлццæттæн кæддæриддæр вæййы æнцон æмæ хъæлдзæг. Уымæн æмæ шофыр канд адæймаджы домæнтæ не ххæст кæны, фæлæ сын лæвар кæны хорз зæрдæйы ахаст, стæй ма сын заргæ дæр акæны. Хæлардзинад адæмы зæрдæтæм чи хæссы, уыцы шофыры тыххæй бæлвырддæр радзурдзæн Тъехты Элинæ.

Таксийы лæггæдтæй чи пайда кæны, уый фыццаджыдæр цы фæхъæуы? Æвæццæгæн, сыгъдæг машинæ æмæ хорз шофыр. Фæлæ бирæ хæттыты бæлццоны домæнтæ æххæстгонд не рцæуынц. Æмæ йæ хорз зæрдæйы ахаст фехæлы. Фæлæ ацы машинæйы æвзæр хъуыддагæн æрцæуæн нæй. Уымæн æмæ дзы хынцынц бæлццоны домæнтæ иууылдæр.

Æмæ уый куыд саразгæ у, ууыл Алан бирæ нæ хъуыды кодта. Æвзæр хъуыдытæ ма зарæгæй хуыздæр цы аиуварс кæндзæн? Фæлæ æрмæст радио фаг нæу – зæгъы Алан. Исты цымыдисагдæр хъæуы. Зæгъæм, шофыр йæхæдæг куы зара, уый.

Адæмæн ивддзинæдтæ куыд ахсджиаг сты, уый Алан хорз зоны. Бирæ рæстæг кусы психологæй. Уыны алы адæймаджы миддуне дæр æмæ зоны, йæ фарста йын куыд алыг кæнын хъæуы, уый. Таксийы шофырæй дæр æрмæст æхца бакусыны тыххæй нæ кусы. Уый фæрцы ма йын ис иу фадат, цæмæй адæмæн æххуыс кæна, уый тыххæй.

Шофыр зарын куы райдайы, уæд бæлццæттæ сæхи алыхуызон фæдарынц. Фæлæ фыццаг иууылдæр бадис кæнынц. Дарддæр та алцыдæр аразгæ у зарæгæй. Бирæ хæттыты йæ Алан раст равзары, уымæн æмæ бæрæг вæййы, адæймаджы зæрдæмæ бахъардта, уый. Цыма йæ æмбаргæ фæкæны, бæлццонæн цы нæ фаг кæны, уыйау. Зарын ахуыр никуы кодта. Уый у йæ хобби. Æмæ ныридæгæн хъæлдзæг кæны æрмæст йæхи нæ.

Хъæугæ бынатмæ куы бахæццæ уай, уæд ахæм таксийæ адæймаджы хизын дæр нал фæфæнды. Ахæм балцы руаджы схорз уыдзæн адæймаджы зæрдæйы ахаст, æмæ йæ уый дæр, Аланы хуызæн, лæвар кæндзæн, йæ алыварс цы адæм ис, уыдонæн. Уый та, кæй зæгъын æй хъæуы, фылдæр хатт царды нæ фæфаг кæны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania