филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

08:49 суббота, 18 мая 2024
05 августа 2014, 12:15
Сывæллæтты фæлладуадзæн кампани кæронмæ фæхæццæ кæны

Сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампани кæронмæ фæхæццæ кæны. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад путевкæтæ кæмæн радта, уыцы скъоладзауты нымæц у 38 мины

73612
Сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампани кæронмæ фæхæццæ кæны. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад путевкæтæ кæмæн радта, уыцы скъоладзауты нымæц у 38 мины 300-мæ æввахс. 11 мины сæ фæллад уадзынц турбазæты æмæ санаториты бындурыл арæзт лагерьты.

Дыгургомы сæрдыгон фæлладуадзæн кампанийы архайынц æртæ турбазæйы. Лагерь «Ростсельмаш»-ы алы фæлтæры дæр сæ рæстæг æрвитынц 200 сывæллонæй фылдæр. Турбазæ-йы кусджытæ, сæ сæргъыл Миндзайты Ролан, афтæмæй иттæг хорз фадæттæ сарæзтой, цæмæй рæзгæ фæлтæримæ архайды къуылымпыдзинæдтæ ма уа. Уæлдай стыр æргом здæхт ис хæлцады фарстатæм. Хæринаггæнджытæй алчидæр дæсныйæ архайы, цæмæй йæ къухтæй конд хойрагæй сывæллæттæ уой разы.

Хъороты Иринæ, хæринаггæнджыты разамонæг: «Алыбон алыхуызон хæринæгтæ кæнæм, уымæн æмæ сывæллæттæ иухуызон не сты. Иутæ иу хæринаг уарзынц, иннæтæ – æндæр хæринаг.

Цæмæй зæрдиагæй хæрой, уый тыххæй алыхуызон хæринæгтæ кæнæм. Нæ хойрæгтæ дæр тынг хорз сты, ногæй-ногмæ сæ ласынц».

Сывæллæттимæ цы 15 хъомылгæнæджы кусынц, уыдон Моргуаты Дианæйы разамындæй сæ архайд афтæ нысан кæнынц, цæмæй рæзгæ фæлтæрæн раргом кæной сæ курдиат, бауарзын сын кæной адæмон сфæлдыстад, æрдз.

Гæбæраты Кристинæ, хъомылгæнæг: «Зын у семæ архайын. Алчи дæр сæ хицæн бинонтæй у, æмæ сæ баиу кæнын зын у. Фæлæ архайæм, цæмæй кæрæдзийæн уой адджын, хъазой кæрæдзийымæ, алыбон сын ерыстæ æмæ хъæзтытæ аразæм».

Сывæллæтты æнæниздзинад ис дохтырты бæрны, иудадзыгдæр бæрæг кæнынц хойраджы хæрзхъæддзинад, стæй санитарон домæнтæ куыд æххæстгонд цæуынц, уый.

Æнæмæнгæй, сæйрагдæр фарстатæй иу у – сывæллæтты æдасдзинад. Уымæ хъус дарынц пъæлицæйы кусджытæ. Ахъаз сын у, лагеры æппæт бæстыхаймæ дæр цæст дарæн кæй ис камерæты фæрцы. Алы уат дæр ифтонг у зынгсирвæзтыты ныхмæ сигнализацийæ, уымæй уæлдай иудадзыг комы ис зынгхуыссынгæнджыты бригад.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania