филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

09:47 суббота, 18 мая 2024
05 августа 2014, 12:21
Сывæллæтты фæлладуадзæн рæстæг æдасæй арвитыны тыххæй сæрдыгон лагерьты арæзт цæуынц профилактикон мадзæлттæ

Цæрæкты Цæра, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 12-æм зынгхуыссынгæнæн хайады кусæг: « Алы аз дæр рацæуæм. Фембæлæм сывæллæттиммæ æмæ сын радзурæн зынгхуыссынгæнæн

73615
Цæрæкты Цæра, æнæнхъæлæджы уавæрты министрады 12-æм зынгхуыссынгæнæн хайады кусæг: « Алы аз дæр рацæуæм. Фембæлæм сывæллæттиммæ æмæ сын радзурæн зынгхуыссынгæнæн службæйы кусты тыххæй. Базонгæ сæ кæнæм нæ архайдимæ. Раст зæгъгæйæ нæ фæнды, цæмæй дзы фидæны исчи равзара нæ дæсныйад. Фæлæ æппæты сæйрагдæр та у – цæмæй сывæллæттæ зоной æдасдзинады домæнтæ. Æмæ зынгсирвæзты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, уый. Ерыстæ сын скæнæм, алыхуызон конкурстæ æмæ хуыздæр базонынц æппæт домæнтæ».

«Металлурджы» цы сабитæ ис, уыдонæн скодтой зынгсирвæзтытæй бахъахъхъæныны урок. Сывæллæттæ дзы хъазты хуызы архайдтой нывты конкурсы, зынгсирвæзтыты ныхмæ викторинæты.

Специалисттæ лагеры хъомылгæнинæгтæн радзырдтой зынгсирвæзты рæстæг хи куыд дарын хъæуы, уый тыххæй. Равдыстой сын сæрмагонд ирвæзынгæнæн техникæ. Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты хъуыдымæ гæсгæ, сывæллæттæ æдасдзинады домæнтæ æппæтæй хуыздæр бахъуыды кæнынц хъазты хуызы. Зæгъæм, ахуыссын кæнынц мæнг зынгсирвæзт, фæархайынц сæрмагонд кусæнгæрзтимæ. Ахæм ахуыртæ сабитæ сæ зæрдыл бадардзысты æнæмæнг. Ацы аз уал министрады специалисттæ бабæрæг кодтой цалдæр фæлладуадзæн лагеры.

Нысан кæнынц се `ппæт лагертыл дæр æрзилын.

Томайты Хъазыбег: «Нæ лагерьмæ æрбацыдысты зынгхуыссынгæнджытæ æмæ нын цы техникæ æмæ кусæнгæрзтæ равдыстой, уыдон нæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Бацамыдтой нын цы æмæ куыд кæнгæ у, уый. Мах дæр бирæ цыдæртæ базыдтам. Конкурсты дæр архайдтам. Фæнды ма мæ цæмæй нæм ноджыдæр æрбацæуой, уый»
    

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania