05 июня 2014, 18:02
Сывæллæтты фантази æгæрон у. Уымæн ног æвдисæн – Мæздæджы цы равдыст арæзт æрцыд, уый
Схуыдтой йæ сабидуджы хъæлæс. Экспозици равæрдтой районы культурæйы галуаны. Бахастой йæм 100 нывæй фылдæр. Алкæцыйы дæр ирд сурæттæ æмæ ахорæнтæ. Равдысты канд мæздæггæгтæ нæ архайдтой.
Сывæллæтты фантази æгæрон у. Уымæн ног æвдисæн – Мæздæджы цы равдыст арæзт æрцыд, уый. Схуыдтой йæ сабидуджы хъæлæс. Экспозици равæрдтой районы культурæйы галуаны. Бахастой йæм 100 нывæй фылдæр. Алкæцыйы дæр ирд сурæттæ æмæ ахорæнтæ. Равдысты канд мæздæггæгтæ нæ архайдтой. Сæ курдиат дзы раргом кодтой Стъараполы крайы æмæ нæ республикæйы Кировы районы минæвæрттæ дæр. Аргъ та сын кодтой бæрнон жюрийы уæнгтæ: аивадон скъолаты директортæ. Æхсæнадон организациты уæнгтæ. Сæ размæ æвæрд уыд бæрнон хæс – номинацитæ нывкæнынад, графикæ æмæ æрмдæсныйады хуыздæр куыстыты авторты равзарын. Се ппæтæн дæр лæвæрд æрцыдысты грамотæтæ æмæ зæрдылдарæн призтæ. Равдыст ахæсдзæн 15-æм июньмæ.
темæмæ гæсгæ




