30 июня 2014, 17:09
Сывæллæтты лагерь «Урсдоны» 20 фæллауадзæджы бахаудысты рынчындонмæ
Дыгуры районы рынчындоны сæйраг дохтыр Созаонты Сюзаннæ куыд радзырдта, афтæмæй сæм сывæллæтты баластой майрæмбоны изæрæй.
Сывæллæтты лагерь «Урсдоны» 20 фæллауадзæджы бахаудысты рынчындонмæ. Дыгуры районы рынчындоны сæйраг дохтыр Созаонты Сюзаннæ куыд радзырдта, афтæмæй сæм сывæллæтты баластой майрæмбоны изæрæй. Дохтыртæ сын сæвæрдтой диагноз «ахсæны судзаг рыст». Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ бахордтой, лагеры территорийы чи зайы, уыцы цъæх фæткъуытæй. Се хсæн 6 сывæллоны Украинæйæ. Ацы хъуыддаджы фæдыл Цæгат Ирыстоны Слестгæнæн комитет аразы бæлвырдгæнæн мадзæлттæ.
темæмæ гæсгæ




