филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

05:04 вторник, 16 декабря 2025
04 июля 2014, 11:25
Сывæллæтты рæвдауæндонмæ электрон рады слæууæн ис цалдæр минутмæ

Хъæуы æрмæстдæр ахуырады æмæ наукæйы министрады сайтмæ бацæуын, æмæ æмбæлгæ информаци бадæттын. Фæлæ алы компьютерон программæ куыд у, афтæ рæвдауæндæттæм

73179
Хъæуы æрмæстдæр ахуырады æмæ наукæйы министрады сайтмæ бацæуын, æмæ æмбæлгæ информаци бадæттын. Фæлæ алы компьютерон программæ куыд у, афтæ рæвдауæндæттæм электрон рад дæр иудадзыг æнæ къуылымпытæй нæ фæкусы. Уый нæ хынцгæйæ, æрыгон ныййарджытæ сæ зæрдæ дарынц, электрон рады фæрцы ацы хъуыддаг зынгæ кæй фенцондæр уыдзæн, ууыл. Ныртæккæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм æрмæст Дзæуджыхъæуы рады лæууынц 8 мин адæймаджы. Се рдæг электрон системæйы фæрцы.

Дзæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы не сфæлдыстадон къордæн равдыстой, цалдæр минутмæ сывæллæтты рæвдауæндонмæ рады куыд слæууæн ис, уый. Уымæн хъæуы æрмæстдæр ахуырады æмæ наукæйы министрады сайтмæ бацæуын, æмæ дзы йæхи тыххæй информаци бадæттын. Рæвдауæндæттæм электрон рад зынгæ фенцондæр кодта ацы хъуыддаг.

Медойты Зæлинæ, Дæуджыхъæуы администрацийы ахуырады управленийы сæйраг специалист: «Ацы аз зынгæ фенцондæр ис нæ куыст. Цæмæй электрон рады æрлæууай, уый тыххæй хъæуы нæ сайтмæ бацæуын. Edu15.ru –мæ бацæуын, æмæ уым регистраци скæнын. Æнцон у, фæлæ сайты куысты къуылымпытæ дæр вæййы».
 
Алы компьютерон программæ куыд у, афтæ рæвдауæндæттæм электрон рад дæр иудадзыг æнæ къуылымпытæй нæ фæкусы. Чысыл Мария Петровайыл цæуы иу аз æмæ æртæ мæйы. Йæ мад Оксанæ рæвдауæндонмæ электрон рады слæууыд æмгъуыдæй радæр. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй цалдæр хатты фæлвæрдта сайты регистраци скæнын, фæлæ йын нæ рауад.

Оксана Петрова: «Мах рæвдауæндонмæ рады слæууынмæ хъавыдыстæм алы хуызты. Фыццаджыдæр уал электрон хуызы. Фæлæ нын нæ рауад. Сайтмæ бацыдыстæм, æмæ нæ кусы».

Уый нæ хынцгæйæ, æрыгон ныййарæг йæ зæрдæ дары, электрон рады фæрцы йын, куыд иннæ ныййарджытæн дæр, кæй бантысдзæн йæ хъуыддаг саразын. Ныртæккæ сывæллæтты рæвдауæндæттæм æрмæст Дзæуджыхъæуы рады лæууынц 8 мин адæймаджы, зæгъы горæты администрацийы ахуырады управленийы сæргълæууæг Тменаты Алексей. Се рдæг рады æрлæууыд электрон системæйы фæрцы. Ацы мæйы кæронмæ Дзæуджыхъæуы администраци фæнд кæны дыууæ ног рæвдауæндоны байгом кæнын. Афæдзы кæронмæ та æмтгæй райсæгæйæ горæтаг рæвдауæндæтты фæзындзæн 200 уæлæмхасæн бынаты. Уæвгæ та цæмæй ацы фарста афтæ карзæй мауал лæууа, уый тыххæй Дзæуджыхъæуы саразын хъæуы 11 ног рæвдауæноны.

Фидараты Маринæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania