филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

04:13 суббота, 21 сентября 2024
17 декабря 2012, 09:49
Сывæллæтты республикон рынчындоны байгом онкологийы æмæ гематологийы хайад

Йæ саразыныл архайдтой афæдз æмæ ‘рдæг. Уый у, стыр ахадындзинад кæмæн ис, ахæм цау. Уымæн æмæ æппæт низты ‘хсæн ахæмтæ нымад сты уæззаудæртыл, уымæн æмæ рынчын сывæллæттæн баххуыс кæныны мадзæлттæ раздæр уыйбæрц нæ уыд.

Йæ саразыныл архайдтой афæдз æмæ ‘рдæг.
Уый у, стыр ахадындзинад кæмæн ис, ахæм цау.

Уымæн æмæ æппæт низты ‘хсæн ахæмтæ нымад сты уæззаудæртыл, уымæн æмæ
рынчын сывæллæттæн баххуыс кæныны мадзæлттæ раздæр уыйбæрц нæ уыд.

Фадæттæ саразынæй уæлдай ма бадзырд
сарæзтой Уæрæсейы сæрмагонд институты ахуыргæндтимæ, цæмæй мах дохтырты
цæттæ кæной онкологийæ æмæ туджы низтæй сывæллæтты дзæбæх кæнынмæ.

Сывæллæтты рынчындоны цы ног хайад
байгом, уый зынгæ фæхуыздæр кæндзæн, онкологи æмæ туджы низтæ цы сабитæм
ис, уыдоны уавæр. Фыццаг къахдзæфæй дæр бæрæг у, аразджытæ куыд
зæрдиагæй бацархайдтой бæстыхай иттæг хорз скæныныл, уый. Фæндыд сæ,
цæмæй сывæлæттыл сæ низ уыйбæрц ма ахада, фæлæ сæм фылдæр уа æхсызгон
æнкъарæнтæ.

Ахæм æнæмæнг хъæугæ хайад саразыны
хъæппæрис фæзынд Федерацийы Советы уæнг Хацъæты Олегмæ. Æмæ йæ
райдайæнæй йæ кæронмæ хъус дардта æппæт куыстытæм.

Хацъæты Олег, УФ-йы Федерацийы Советы
РЦИ-Аланийы минæвар: «Ацы низимæ тох кæнын тынг зын у. Æмæ фылдæр хатт
ныййарджытæ цы кæной, уый нæ фæзонынц. Нæ дзы дохтыртæ ис, нæ дзы хайад
ис. Æмæ къордæй ахæм уынаффæ рахастам, баныхас кодтам ацы рынчындоны
ахæм хайад саразыныл. Абон нæ къухы бафтыд. Æмæ Хуыцау ахæм хорздзинад
ракæнæд, æмæ дзы рынчын сывæллæттæ куыд нæ уа».

Цалынмæ хайад арæзтой, уæдмæ дохтыртæ
дæр сæрмагондæй сæ дæсныйад бæрзонддæр кодтой хуыздæр клиникæты.
Специалисттæ куыд зæгъынц, афтæмæй онкологон æмæ гематологон низтæ кæмæ
ис, ахæм сывæллæттæ нæ республикæйы сты 120, уыимæ алы аз ногæй
раиртасынц 25 рынчыны. Ног хайады сæ бон бирæ медицинон лæггæдтæ райсæн
уыдзæн.

Голиаты Оксанæ: «Мах къуыри йедтæмæ нæма
стæм ам, фæлæ ам цы кусджытæ ис, ахæмтæ иу рынчындоны дæр нæ федтон.
Тынг хорз цæстæй кæсынц рынчынтæм, уæзданæй дзурынц сывæллæттæм,
ныййарджытæм, æмæ адæймагæй йæ низтæ дæр ферох вæййынц».

Хацъæты Олег, УФ-йы Федерацийы Советы
РЦИ-Аланийы минæвар: «Ацы хайад байгом кодтам. Ныр операцитæ кæнынмæ
Мæскуымæ цæудзысты. Æмæ сæ фæндаггаг, цæмæй сæм Мæскуыйы хорз цæстдард
уа, уыцы фарстатыл дæр бакусдзыстæм. Стæй ма ис æндæр пълантæ дæр.
Æрмæст ацы рынчындоны нæ, фæлæ иннæ рæтты дæр. Ног азы дæр
бацархайдзыстæм».

Хайады ис 25 бынаты. Уыимæ палатæтæ афтæ
конд сты, æмæ сывæлæттимæ сæ бон уæвын уыдзæн сæ бинонтæн дæр.
Медицинон лæггæдтæ кæм кæндзысты, ахæм кабинеттæй уæлдай ма дзы ис
хъазæн уат дæр. Сæрмагонд бæстыхай та рахицæн кодтой чысыл кувæндонæн,
ног хайадыл дзы саргъуыдтой сылгоймæгты Алайнаг моладзандоны минæвæрттæ.
Хацъæты Олег куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы хайады хъуамæ алы сабийы
цард бахъахъхъæнынæн дæр конд цæуой æппæт мадзæлттæ.

Фæрниаты Мæдинæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania