филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:30 среда, 09 июля 2025
11 июня 2014, 18:51
Сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампани бацыд йæ тæмæны

Ныридæгæн скъолаты лагерьты сæ рæстæг æрвитынц 9 мины æмæ 540 скъоладзауы. Турбазæты та 2 мин адæймагæй фылдæр. Фыццаг фæлтæр абон райдыдта «Дзинага»-йы дæр. Арвыстой йæм 400 чызджы æмæ лæппуйы.

Сывæллæтты сæрдыгон фæлладуадзæн кампани бацыд йæ тæмæны. Ныридæгæн скъолаты лагерьты сæ рæстæг æрвитынц 9 мины æмæ 540 скъоладзауы. Турбазæты та 2 мин адæймагæй фылдæр. Фыццаг фæлтæр абон райдыдта «Дзинага»-йы дæр. Арвыстой йæм 400 чызджы æмæ лæппуйы. Сты республикæйы спортивон скъолаты хъомылгæнинæгтæ. Фæллойы æмæ социалон рæзты министрад æппæт фарстатыл дæр бацархайдта, цæмæй рæзгæ фæлтæр сæ фæлладуадзæн бынатмæ æдасæй бахæццæ уой. Аластой сæ муниципалон унитарон куыстуат «Владавтотранс»-ы автобусты. Семæ ацыдысты фæндæгтыл цæуыны æдасдзинады паддзахадон инспекцийы экипажтæ, стæй æхсæнадон æдасдзинады пъæлицæйы кусджытæ. Сывæллæтты æрбынæттон кæныны размæ алы лагерь дæр бабæрæг кодта сæрмагонд къамис, цæмæй дзуапп дæттой æдасдзинады æмæ æнæниздзинад фæфидардæр кæныны домæнтæн. 
Гаппуаты Зæидæ, фæллойы æмæ социалон рæзты министрады сæйраг специалист: «Ныртæккæ нæ лагерьты улæфынц 2000 сывæллонæй фылдæр, уыдонæй денджызы был 400. Абон та æрвитæм «Дзинага»-мæ. Лагерьтæ иуылдæр бацæттæ кодтой, цæмæй æдасдзинад уа, цæмæй сывæллæттæ дзæбæх баулæфой æмæ фæстæмæ æрцæуой». 
Æхсараты Солтан, муниципалон унитарон куыстуат «Владавтотранс»-ы шофыр: «Къуырийы размæ цæттæ уыдысты машинæтæ. Абон дæр бæрæг кæнынц автобусты техникон уавæр, мах дæр нозты тыххæй. Цæттæ стæм ласынмæ». 
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania