филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

06:53 вторник, 16 декабря 2025
31 января 2013, 12:03
Сывæллæтты санаторий «Фыййагдон» -ыл цæуы дыууиссæдз азы

Уыцы рæстæгмæ дзы бирæтæ сфидар кодтой се нæниздзинад. Раздæр азты йæ уавæр хуыздæртæй нæ уыд, ныр хъуыддаг цæхгæр аивта.

Уыцы рæстæгмæ дзы бирæтæ сфидар кодтой се нæниздзинад. Раздæр азты йæ уавæр хуыздæртæй нæ уыд, ныр хъуыддаг цæхгæр аивта. Нырыккон домæнтæм гæсгæ цалцæггонд бæстыхæйтты сывæллæттæ зæрдæхъæлдзæгæй æрвитынц сæ рæстæг.

Ацы санаторийæн Ирыстоны æмбал нæй. Йæ ахадындзинад стыр у. Бонæй-бонмæ йæ гæнæнтæ фылдæрæй-фылдæр кæй кæнынц, уымæ гæсгæ та йæм фылдæр адæм цæуын райдыдта.
 
Санаторийы дзæбæх кæнæн мадзæлттæй иу у, цæхæй конд къултимæ лæгæт. Ирыстоны ахæмтæ ис æртæ. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ, ам адæймагæн æрмæст йæ рæуджыты низтæ нæ дзæбæх кæнынц.

Гуыриаты Маргаритæ, медицинон хо: «Ардыгæй цæх кæлы æмæ уæлдæфы вæййы, адæймаджы æнæниздзинадæн пайда чи у, ахæм буаргъæдтæ. Дзæбæх дзы кæнæм рæуджыты низтæ, аллергийæ æмæ æндæр низтæ».

Цыдæриддæр процедурæтæ дзы кæнынц, уыдон сывæллæтты æнæниздзинадыл зынгæ бæрæг фæдарынц, хæдзармæ цæуыны рæстæг куы æрхæццæ вæййы, уæд. Рæуджыты низæй рынчынтæн ацы бынат у æвдадзы хос. Иу хатт æм чи æрбацæуа, уый æнæмæг дыккаг хатт дæр бафæнддзæн.

Гуæцæлты Марат: «Æз ма ам уыдтæн, 7 азы мыл куы цыди, уæд. Уæдæй нырмæ дзы уавæртæ фæхуыздæр сты. Санаторийы цы дохтыртæ æмæ ахуыргæнджытæ ис, уыдон та, уæд куыд хорз уыдысты, ныр дæр афтæ. Ам бон цыппар хатты хæрæм. Изæрæй нын саразынц дискотекæ».

Мысыкаты Зауыр: «Ахуыргæнджытæ нæм дзæбæх кæсынц. Не `нæнидзинадæн нын пайдайаг мадзæлттæ аразынц».

Сывæллæттæн ам ис æппæт фадæттæ. Цæрынц дзы фæткмæ гæсгæ. Райсомæй изæрмæ сæ бон куыд ацæудзæн, уый бæрæг вæййы. Хæрын сын кæнынц æнæниздзинадæн пайдайаг харинæгтæ. Уæдæ санаторийы фæлтæрдджын кусджыты профессионалон цæттæдзинад та гуырысхойаг нæу.

Тохтиаты Кларæ, ахуыргæнæг: «Сывæллæттæ ардæм æрбацæуынц, чи хъæуæй, чи горæтæй. Мæхæн нæ куысты сæйраг хæс вæййы, санаторийы сын æнкъард куыд мауа, цымæ хи хæдзары сты, ууыл бакусын».

Санаторимæ сывæллæттæ цæуынц путевкæтæм гæсгæ. Иу потокмæ дзы ис баулæфынæн, æмæ æнæниздзинад фæхуыздæр кæнынæн 100 бынаты. Кусы азы алы афон дæр. Уæлдай фылдæр адæм дзы вæййы сæрды мæйты.

Дзампаты Руслан: «Мониторингмæ гæсгæ фæстаг рæстæг санаторимæ фылдæр адæм цæуы. Сæрды мæйты нын бынæттæ фаг дæр нæ фæкæны».

Æвæццæгæн ацы алæмæты бынаты куы сарæзтой санаторий «Фыййагдон», уæд бирæтæй уырнгæ дæр нæ кодта, йæ ахадындзинад афтæ стыр кæй уыдзæн, уый.

Сосранты Жаннæ

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania