филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:58 пятница, 03 апреля 2026
20 февраля 2013, 17:25
Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны арæзт æрцыд 14-æм республикон интеллектуалон хъазт «Зондабитæ»

Архайынц дзы республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ – æдæппæтæй 6 командæйы. Хъазты нысан у ирон æвзаг æмæ национ культурæ бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзын кæнын.

Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны арæзт æрцыд 14-æм республикон интеллектуалон хъазт «Зондабитæ». Архайынц дзы республикæйы скъолаты ахуырдзаутæ – æдæппæтæй 6 командæйы. Хъазты нысан у ирон æвзаг æмæ национ культурæ бахъахъхъæнын æмæ йæ райрæзын кæнын. Жюрийы хатдзæгтæм гæсгæ командæты `хсæн фыццаг бынатмæ рацыдысты Æрыдоны 1-æм астæуккаг скъолайы ахуырдзаутæ.

Зондабитæ, кæнæ брэйн-ринг иронау. Радон хатт та Дзæуджыхъæуы сывæллæтты сфæлдыстады галуаны сæ зонындзинæдтæ равдисынмæ æрæмбырд сты республикæйы скъолаты хуыздæр ахуырдзаутæ. Ерыс кæнынц 6 къордæй. Интеллектуалон хъазт «Зондабитæ» абон цæуы дыккаг бон. Арæзт æрцыд 14-æм хатт. Йæ нысан у, ирон æвзаг æмæ национ культурæ бахъахъхъæнын.

Лохаты Зитæ, Æрыдоны 1-æм скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг: «Радтынц сын хæдзармæ куыстытæ, æмæ афтæмæй, сæ зонындзинæдтæ кæнынц фидардæр. Стæй, скæнынц сценикон нывтæ, уымæй та рæзы сæ артистизм кæй хонынц, уый».

Интеллектуалон хъазт у тематикон. Баст у Иры номдзыд поэт Джыккайты Шамилы цард æмæ сфæлдыстадимæ. «Дæ ном цæрдзæн æнустæм», афтæ схуыдтой конкурс. Интеллектуалон ерысты `хсæн зондабитæ кастысты Шамилы æмдзæвгæтæ, æмæ йын йæ уацмыстæй æвдыстой скъуыддзæгтæ. Конкурсы фыццаг къæпхæны хуыздæрыл нымад æрцыд Æрыдоны командæ.

Хæмæтаты Дзерассæ, Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзау: «Тынг бузныг зæгъын, чи нæ бацæттæ кодта, уыцы ахуыргæнæгæн фыццаджыдæр».

Зæгъын хъæуы уый, æмæ ахæм конкурстæ рæзгæ фæлтæры хъæуынц æнæмæнг, сæ зонындзинæдтæ кæнынц фылдæр, стæй сæм гуырын кæны уæлахизмæ тырныны æнкъарæн. Уæдæ, Джыккайты Шамилы сфæлдыстад иттæг хорз кæй базыдтой, уый дæр хуымæтæджы нæ. Поэты хъæздыг миддуне æмæ фидар удыхъæд сын бирæ хъуыддæгты уыдзæн дæнцæгæн хæссинаг.

Бирæгъты Таймураз, Æрыдоны 1-æм скъолайы ахуырдзау: «Ахæм конкурстæ сты тынг ахъаз. Æз дзы архайдтон ныр дыккаг хатт, æмæ уæд дæр бацахстам фыццаг бынат».

Кæронбæттæны уæлахиздзаутæ хорзæхгонд æрцæудзысты кады гæххæттытæй, майдантæй æмæ поэты чингуытæй. Конкурс арæзт æрцыд Цæгат Ирыстоны ахуырад æмæ наукæйы министрады æххуысæй.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania