Се вæрæн æм бахастой Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрад, стæй ахуырады кусджыты зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институт.
Сывæллæтты сфæлдыстады республикон
Галуаны райдыдта интеллектуалон хъазт «Зондабитæ». Се вæрæн æм
бахастой Цæгат Ирыстоны ахуырады æмæ наукæйы министрад, стæй ахуырады кусджыты
зонындзинæдтæ фылдæргæнæн институт. Хъазт у тематикон. Арæзт фæцæуы афæдз дыууæ
хатты. Уыимæ – ирон æвзагыл. Йæ архайджытæ сты иумæйагахуырадон астæуккаг
скъолаты ахуырдзаутæ æмæ уæлæмхасæн ахуырады куыстуæтты хъомылгæнинæгтæ. Конкурс арæзт цæуы 11 азы. Уыцы мгъуыдмæ
рæзгæ фæлтæр наукон-иртасæн куыст кæны историйы, культурæйы, литературæйы ирон
æгъдæуттæ æмæ традицитæ зоныны хъуыддаджы. Зондабиты хъазт цæуы республикæйы
цæрджыты патриотон хъомылады нысанон программæ æххæст кæнгæйæ 2016-æмæй – 2020-æм
азмæ. Йæ фæрцы ма царды уадзынц патриотон акци «Царды сæраппонд».




