филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

02:43 вторник, 16 декабря 2025
29 апреля 2014, 11:14
Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны тымбыл стъолы уæлхъус æрныхас кодтой уæлæмхасæн ахуырады фарстатыл

Æмбырды архайдтой республикæйы æмæ горæты разамынды, æхсæнадон æмæ политикон организациты, стæй галуан æмгуыстад кæимæ кæны, уыдоны минæвæрттæ. Куыд загътой, афтæмæй

Сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны тымбыл стъолы уæлхъус æрныхас кодтой уæлæмхасæн ахуырады фарстатыл
Æмбырды архайдтой республикæйы æмæ горæты разамынды, æхсæнадон æмæ политикон организациты, стæй галуан æмгуыстад кæимæ кæны, уыдоны минæвæрттæ. Куыд загътой, афтæмæй сæйрагдæр фарстатæй иу у, абон уæлæмхасæн ахуырады учрежденитæ кæй иу кæнынц, уый. Фембæлды архайджыты хъуыдымæ гæсгæ, афтæмæй сфæлдыстадон къордтæм къаддæр сывæллæттæ цæудзæн. Ацы æмбырд арæзт æрцыд сывæллæтты сфæлдыстады галуаныл 40 азы кæй æххæст кæны, уый кадæн. Сæйраг юбилейон мадзæлттæ уыдзысты 1-æм июны.
Мерденты Изæбеллæ, сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны организацион-дзыллон хайады сæргълæууæг: «Уыдис фарстатæ патриотон хъомыладыл, сывæллæтты ахуырдзинадыл. Сывæллæтты галуан архайы федералон программæтæм гæсгæ. Цæмæй уыцы хъуыддæгтæ хуыздæр цæуой, чи нын æххуыс кæны, уыдонæн нæ бон бузныг зæгъын уа, уый тыххæй æрæмбырд стæм».
темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania