филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

07:56 среда, 17 декабря 2025
22 марта 2018, 14:00
Сывæллæтты театр «Саби»-йы сбæрæг кодтой куклаты театры артистты æппæтадæмон бон

Сæрмагондæй профессионалон бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой хæрзаудæн равдыст. Æрбахуыдтой йæм сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонты, æхсæнадон организациты минæвæртты, ацæргæ адæмы æмæ инвалидты хæдзар-интернат «Забота»-йы цæрджыты.

Сывæллæтты театр «Саби»-йы сбæрæг кодтой куклаты театры артистты æппæтадæмон бон
Сывæллæтты театр «Саби»-йы сбæрæг кодтой куклаты театры артистты æппæтадæмон бон.
Сæрмагондæй профессионалон бæрæгбонмæ бацæттæ кодтой хæрзаудæн равдыст. Æрбахуыдтой йæм сидзæр сывæллæтты хæдзæртты хъомылгæнинæгты, бирæсывæллонджын æмæ фæкæсынхъуаг бинонты, æхсæнадон организациты минæвæртты, ацæргæ адæмы æмæ инвалидты хæдзар-интернат «Забота»-йы цæрджыты. Артисттæ адæмы размæ рахастой Рæмонаты Владимиры пьесæмæ гæсгæ ‘вæрд спектакль «Хъæбатыр уæрыкк». Йæ режиссер у Кокуаты Андрей. «Забота»-йы минæвæрттæн ма равдыстой театры фæскулисæты цард, бацамыдтой, куклатимæ куыд кусын хъæуы, уый. Радзырдтой сын цалдæр куклайы историйы тыххæй, æмæ сын уæлæдарæс куыд хуыдтой, уый.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania