филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

13:27 вторник, 16 декабря 2025
24 февраля 2014, 11:53
Сывæллон йæхи æхсæнады иппæрдæй куыд нæ æнкъара, ууыл ныхас цыд сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны тымбыл стъолы

Алы сывæллон дæр йæхи æхсæнады иппæрдæй куыд нæ æнкъара, æмæ цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæр царды сæ фæндаг ссарой, ууыл ныхас цыд, республикон

Сывæллон йæхи æхсæнады иппæрдæй куыд нæ æнкъара, ууыл ныхас цыд сывæллæтты сфæлдыстады республикон галуаны тымбыл стъолы
Алы сывæллон дæр йæхи æхсæнады иппæрдæй куыд нæ æнкъара, æмæ цавæр мадзæлттæ саразын хъæуы, цæмæй рæзгæ фæлтæр царды сæ фæндаг ссарой, ууыл ныхас цыд, республикон сывæллæтты сфæлдыстады галуаны цы тымбыл стъол арæзт æрцыд, уым.

Æрбахуыдтой йæм Дзæуджыхъæуы æмæ республикæйы районты культурæйы хæдзæртты разамонджыты, районты уæлæмхасæн ахуырады минæвæртты æмæ ахуыргæнджыты зонындзинæдтæ фылдæргæгæн институты кусджыты. Хъыгагæн, Цæгат Ирыстоны æнæниздзиандхъахъхъæнынады æмæ фæллойы æмæ социалон рæзты министрады кусджытæй æмбырдмæ ничи `рбацыд. Афтæмæй та боны фæткы сæйрагдæр фарстатæй иу уыд инвалид сывæллæттимæ куыст.

Тымбыл стъолы архайджытæ куыд бафиппайдтой, афтæмæй фæстаг азты инклюзивон ахуырад кæны парахатдæр. Фæлæ уыимæ рабæрæг вæййынц ахуыргæнджытæ сæ куысты цы къуылымпыдзинæдтимæ æмбæлынц, уыдон. Æмæ сæм, æнæмæнг, хъус дарын хъæуы. Зæгъæм, бирæ хæттыты уæлæмхасæн ахуырады кусджытæм нæ вæййы æмбæлгæ ахуырадон методикæтæ, сæрмагонд кусæнгæрзтæ. Рынчын сывæллонимæ кусынæн та хъæуы, иннæтæй хицæн чи кæны, ахæм æрмæджытæ.

Уæдæ скъоламæ чи цæуы, уыдонæн дæр се нæниздзинад хъыгдард кæй у, уымæ гæсгæ сæ бон нæу ахуырадон программæйы æрмæг æххæстæй сахуыр кæнын. Семæ хъæуы фылдæр кусын. Уæлæмхасæн куыстæн та нæ фидынц.

Иннæ ахсджиаг фарста дæр баст у æхцаимæ. Рынчын сывæллоны фæнды сфæлдыстадон къордмæ цæуын, кæнæ исты музыкалон инструментыл цæгъдын,уæд бинонты къух нæ фæамоны музыкалон инструмент балхæнынмæ.

Республикæйы æмæ районты сфæлдыстадон галуанты ис, аивадон къордтæм чи цæуы, ахæм сывæллæттæ. Фæлæ сæм бæрнон кусджыты рдыгæй хъæуы бæстондæр цæстдард æмæ былвырд æххуыс. Алы рынчын сывæллон дæр хицæн кæны иннæтæй æмæ сын кæд аразæм фадæттæ сæхи раргом кæнынæн æмæ инклюзивон ахуырадæн, уæд уыцы куыст кæнын хъæуы алы бон дæр. «Былвырд министрадтæ æмæ ведомствæтæ хъуамæ зоной алы сывæллоны дæр æмæ йын æххуыс кæной» – загътой уæлæмхасæн ахуырады специалисттæ.

темæмæ гæсгæ
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania