20 декабря 2024, 10:49
«Сывæллæттæ сывæллæттæн»: Ахæм проект æххæстгонд цæуы кванториумы
Уымæ гæсгæ фæлтæрдджын ахуырдзаутæ æххуыс кæнынц ногтæн
«Сывæллæттæ сывæллæттæн». Ахæм проект æххæстгонд цæуы кванториумы. Уымæ гæсгæ фæлтæрдджын ахуырдзаутæ æххуыс кæнынц ногтæн. Сывæллæттæ не вгъау кæнынц сæ зонындзинæдтæ, æмбарын кæнынц, алыхуызон хæслæвæрдтæ куыд кæнын хъæуы, уый, дæттынц дæсныйадæвдисæг ахуыртæ, æмæ ма суанг сæхæдæг бæлвырд кæнынц зонындзинæдтæ дæр. Уый сын дæтты, сæхи педагогы хуызы бафæлварыны фадат. Ацы проект у ахуыр кæныны цымыдисаг хуыз. Йе руаджы сывæллæтты *хсæн сæвзæры æууæнкджын ахастдзинæдтæ, фæкæнынц æнгомдæр æмархайд. Уый та сын æххуыс кæны æрмæг арфдæр бамбарынæн.
темæмæ гæсгæ




