филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

21:30 суббота, 31 января 2026
27 мая 2021, 13:38
Сывæллæттæн хæрзхъæд хæринаг дæттыны хъуыддаджы хъуамæ архайой бынæттон агропромышленон куыстуæттæ

Ахæм хъуыды Сергей Меняйло загъта хойраджы институты президент Владимир Черниговимæ фембæлды

Сывæллæттæн хæрзхъæд хæринаг дæттыны хъуыддаджы хъуамæ архайой бынæттон агропромышленон куыстуæттæ. Ахæм хъуыды Сергей Меняйло загъта хойраджы институты президент Владимир Черниговимæ фембæлды. Мадзалы архайдтой скъоладзауты хойраджы эксперт Сергей Маслов æмæ ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Куыд загътой, афтæмæй университеты бындурыл сараздзысты скъолайы хойраг фæхуыздæр кæныны регионалон центр. Уым дæтдзысты методикон амынддзинæдтæ. Тагъд рæстæг уыдзæнис Паддзахадон советы æмбырд ахуырады фарстаты фæдыл. Уæдмæ та хъуамæ эксперттæ бацæттæ кæной сывæллæттæн æдас æмæ хæрзхъæд хойраг дæттыны мадзæлтты пълан. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм — ивгъуыд аз федералон æмбырдмæ ныстуаны Владимир Путин загъта, цæмæй фыццæгæмæй цыппæрæм кълæсты ахуырдзаутæн дæттой лæвар аходæн æмæ сихор. Программæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуа 2023 азы 1 сентябрьмæ.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania