филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

18:02 суббота, 31 января 2026
30 октября 2025, 10:34
Сывæллæттæн нырыккон хъазæн фæзтæ фæзындзæн Дзæуджыхъæуы æппæт районты

Уымæн, горæты минæвæртты æмбырды депутатты хъæппæрисæй, горæты администрацийы резервон фондæй радих кодтой 25 милуан сомæй фылдæр

Сывæллæттæн нырыккон хъазæн фæзтæ фæзындзæн Дзæуджыхъæуы æппæт районты. Уымæн, горæты минæвæртты æмбырды депутатты хъæппæрисæй, горæты администрацийы резервон фондæй радих кодтой 25 милуан сомæй фылдæр. Фыццаг къæпхæн æххæст кæнын райдыдтой. Куыстытæм депутаттæ лæмбынæг цæст дарынц. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фарста ахсджиаг у: змисæй хъазæн фæз кæм сæвæрын хъæуы? Кæрты æппæтæй кæстæр цæрджыты фæндон æнæмæнг хыгъд цæуы. Сывæллæттæн хъазæн фæз сæвæрынмæ горæты депутаттæм фæсидтысты цæрджытæ. Цветочный бульвары уынджы бирæфатерон хæдзæрттæ цалдæр ис, сывæллæттæ дæр дзы чысыл нæй. Хъазæн бынат та нæ уыд. Ныр ам ис хъеллаугæнæнтæ, къуыбыр, спортивон турниктæ. Куыстытæ æххæстгонд сты 90 процентæн. Специалистты ма хъæуы сахорын бырутæ æмæ саив кæнын территори бандæттæй æмæ урнæтæй. Ахæм курдиæттимæ фыстæджытæ горæты минæвæртты æмбырды депутаттæм арæх вæййы.

Фæзтæ аразынц æрмæст бирæфатерон хæдзæртты кæртыты нæ. Хи хæдзæртты цæрджытæ дæр ахæм курдиæттимæ арæх фæсидынц депутаттæм. Зæгъæм, афтæ скодтой Калоты Зауырбеджы æмæ Барбашовы уынгты районы чи цæры, уыдон дæр. Керчелаты Розæйæн ис 3 фырты. Куыд зæгъы, афтæмæй ахæм бинонтæ сæ районы чысыл нæй. Уарзынц активон хъæзтытæ, арæх футболæй фæхъазынц машинæтæ цæуæн хайы. Уый та æдас нæу. Сæ курдиатæн дзуапп уайтагъд райстой. Снысан кодтой бынат. Ныридæгæн скодтой воркаутæй архайынæн фæзы бындур.

Сывæллæттæн æмæ спортивон фæзтæ аразынæн уæлæмхасæн фæрæзтæ Дзæуджыхъæуы минæвæртты æмбырды депутатты хъæппæрисæй радих кодтой горæты администрацийы резервон фондæй – 25 милуан сомæй фылдæр. Ног объекттæ хъуамæ фæзыной горæты 16 æвзарæн зылдæй алкæцыйы дæр. Фыццаг къæпхæн райдыдта.

Депутаттæ куыд зæгъынц, афтæмæй сæйраг нысан у, рæзгæ фæлтæры спортæй архайынæн æмæ фæлладуадзæн рæстæг æрвитынæн зæрдæмæдзæугæ уавæртæй сæххæст кæнын.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania