филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

17:23 воскресенье, 01 февраля 2026
23 декабря 2022, 11:09
Сывæллæтты аивадон коллектив «Маленький принцип»-æн уыд дебют

«Митын Дадайæн лæвар» – афтæ хуыйны сæ равдыст

Гыццыл артистты стыр равдыст. Сывæллæтты аивадон коллектив «Маленький принцип»-æн уыд дебют. «Митын Дадайæн лæвар» – афтæ хуыйны сæ равдыст. Йæ автор у студийы разамонæг Рæмонты Тамерлан. Спектакль раргом кодта царды сæйраг темæтæ. Премьерæйы уыд не сфæлдыстадон къорд дæр, æмæ ныхасы бар Тъехты Элинæйæн.

8 аздзыд Тамила Девидзе актеры дæсныйады архайы 3 азы. Сценæмæ рацыд фыццаг хатт. Аргъау «Митын дадайæн лæвар»-ы тæрхъусы роль цæттæ кодта тынг зæрдиагæй. Бакуыста канд йæ хъæлæсыл нæ, фæлæ ма йæ уæлæдарæсыл дæр. Æрыгон артисткæ иттæг хорз равдыста йæ хъайтары, иууылдæр ын кодтой æмдзæгъд.

Спектаклы актертæ сты сывæллæттæ. Уæдæ хъайтарты дæр æвзæрстой сæхæхдæг. Бирæтæн ацы равдыст уыд фыццаг. Æрыгон артисттæм бакæсынмæ æрбацыдысты сæ бинонтæ дæр. Сывæллæттæ цы аргъау равдыстой, уый хистæртæн сæ зæрдыл æрлæууын кæны, æмбæлттæ æмæ уарзондзинад царды цы ахсджиаг бынат ахсынц, уый.

Аргъауы автор æмæ спектаклы режиссер у Рæмонты Тамерлан. 10 мæйы размæ сарæзта аивадон коллектив æмæ райдыдта фыццаг равдыстыл кусын. Спектакль «Митын дадайæн лæвар»-ы бацархайын кодта йæ театры ахуырдзауты.

Равдыстмæ бакæсынмæ чи рбацыд, уыдоны аргъау аздахы йæ сабибонтæм. Спектаклы руаджы бæрæгбон банкъарын нæ республикæйы цæрджытæн сæ бон уыдзæн 3 боны.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania