филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

22:34 пятница, 22 ноября 2024
21 ноября 2024, 10:36
Сывæллæтты дæнцæгæн хæссинаг театр «Премьерæ» -йы артистты схорзæхджын кодтой «Уæрæсейы рекордты чиныджы» сертификаттæй

Уыдон архайдтой 10-æм юбилейон Музыкалон театралон фестиваль «Уæрæсейы нæмтты»

Сывæллæтты дæнцæгæн хæссинаг театр «Премьерæ» -йы артистты схорзæхджын кодтой «Уæрæсейы рекордты чиныджы» сертификаттæй. Уыдон архайдтой 10-æм юбилейон Музыкалон театралон фестиваль «Уæрæсейы нæмтты». Паддзахадон Кремлы галуаны сæ дæсныйад æвдыстой мин æрыгон артистæй фылдæр бæстæйы алы регионтæй Владивостокæй райдай æмæ Калининградæй фæуы. Концерты сæйраг темæ уыд зындгонд композитор, Советон Цæдисы адæмон артисткæ Александрæ Пахмутовайы сфæлдыстад. 9-æм ноябры йыл сæххæст 95 азы.

Ацы сывæллæттæ бæстæйы географи æрмæст чингуытæй нæ зонынц. Быгъуылты Дея йæ дæсныйад æвдыста Хъазаны, Пятигорскы, суанг ма Мæскуыйы Паддзахадон Кремлы галуаны дæр. Ахæм фадат ын фæзынд йæ куыстуарзондзинады тыххæй – чызг театр «Премьерæ»-йы архайы 4 азы. Йæ фидæн бæтты аивадимæ, фæнды йæ артисткæ суæвын.

Коллективы ис 300 сывæллоны. Уыдон ахуыр кæнынц хореографи, вокал æмæ актеры дæсныйадыл. Театры аивадон разамонæг Наталья Ахтырцевайы ныхæстæм гæсгæ, алы сывæллон дæр курдиатджын у. Коллективыл цæуы 25 азы. Йæ рауагъдонтæй бирæтæ сæ цард сбастой сценæимæ.

Театр «Премьерæ» сси юбилейон фестиваль-конкурс «Уæрæсейы нæмтты» æмæ Александра Пахмутовайы 95-азы кадæн арæзт концерты архайæг. Бæстæйы сæйраг сценæйы сæ дæсныйад æвдыстой мин сывæллонæй фылдæр Уæрæсейы алы регионтæй Владивостокæй райдай æмæ Калиниградæй фæуы. Фæзминаг сывæллæтты театр «Премьерæ»-йы уæнгтæ хорзæхгонд æрцыдысты «Уæрæсейы рекордты чиныджы» сертификаттæй, куыд стыр проекты архайджытæ, афтæ.

Сывæллæттæн республикæйы ахуырады министрады æххуысæй сæрмагондæй Мæскуымæ цæуынæн дарæс бахуыдтой Дзæуджыхъæуы  4-æм профессионалон хуыйæн училищæйы. Ног дзаумæтты руаджы сывæллæтты архайд рауад ирддæр.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania