21 февраля 2024, 10:38
Сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагеры ног корпус байгом центр «Хæлар зæрдæ»-йы территорийы
Кадджын мадзалы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло
Сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагеры ног корпус байгом центр «Хæлар зæрдæ»-йы территорийы. Кадджын мадзалы архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Фæлладуадзджыты фыццаг фæлтæр суазæг кæндзæн уалдзыгон каникулты. Арæзтадон куыстытæ цыдысты, федералон программæ «Ахуырады рæзт» æххæст кæнгæйæ. Бæстыхайы ис 49 бынаты. Фæллад уадзынæн дзы ис æппæт уавæртæ дæр. Ныртæккæ Уæрæсейы бирæ регионты цæуынц ахæм мадзæлттæ. Баст сты, сæрмагонд программæйы радон къæпхæн æнтыстджынæй кæй фæци, уыимæ. Видеоконференцийы хуызы регионтимæ аныхас кодта Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенко.
темæмæ гæсгæ




