филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

03:48 суббота, 04 мая 2024
06 июля 2022, 10:19
Сывæллæтты фæлладуадзæн рæстæг республикæйы йæ тæмæны ис

Скъолаты архайынц лагерьтæ, кусынц алы профильтæм гæсгæ

Сывæллæтты фæлладуадзæн рæстæг республикæйы йæ тæмæны ис. Скъолаты архайынц лагерьтæ. Кусынц алы профильтæм гæсгæ. Се *хсæн – англисаг æвзаг, бæлвырд наукæтæ, ирон æгъдæуттæ æмæ традицитæ. Фæлæ се *ппæт лагерьтæн сæ бон не сси ацы аз сывæллæтты суазæг кæнын. «Балц» æмæ «Хохаджы» куысты сæвзæрд къуылымпыдзинæдтæ. Бæлвырддæр хабæрттæ радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.

Фæлладуадзæн бонтæ сты хъæлдзæг æмæ æнæмæт рæстæг, зæгъы Уалыты Каролинæ. Сыгъдæг уæлдæфы хъæзтытæ баиу сты цымыдисаг ахуыртимæ Хуымæллæджы скъолайы. Ацы фæзы ис мобилон технопарк «Кванториум». Ам скъоладзаутæ фæлварынц инженертæ суæвыны хъуыддаджы. Æппæттæй тынгдæр сæ зæрдæмæ цæуы виртуалон æцæгдзинад.  Хъазты хуызы сын дзурынц дунейы историйы, фæсарæйнаг аивады тыххæй.

Битъиты Эльвирæ, хуымæллæджы скъолайы директор: «Махмæ æрбацыд уазæгуаты технопарк «Кванториум». Тынг æхсызгон хабар у уый махæн. Скъоладзаутæ тынг æнхъæлмæ кастысты. Уый у ног фадат, ног зонындзинад сывæллæттæн, æмæ нæ фæнды, цæмæй арæхдæр цæуой».

Профилон лагерьтæ кусынц æппæт республикæйы. Архонкæйы скъолайы ахуыр кæнынц наукæтæ. Сывæллæттæн сæ зæрдæмæ цæуы физикæ æмæ хими, ам аразынц фæлварæнтæ .

Пайда кæнынц хуымæтæг донæй. Эксперименттæ æххæст кæнынц ахорæнтæй æмæ сойæ.

Англисаг акцентимæ сæ фæлладуадзæн рæстæг æрвитынц Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы ахуырдзаутæ. Ам  сæ бон у, æрмæст фæсарæйнаг æвзаг зоныны хъуыддаг фæхуыздæр кæнын нæ, фæлæ ма фидæны азы профилон программæмæ бацæттæ кæнын дæр. Рада Фельдман æвзæгтæ йæ чысылæй фæстæмæ ахуыр кæны. Лингво-лагерь ын дæтты, иумæйаг паддзахадон фæлварæны фыццаг хæслæвæрдтæм бацæттæ кæныны фадат.

Сывæллæтты алывæрсыг райрæзт сæрдыгон лагерьты æххæстгонд цæуы нацпроект «Ахуырад»-мæ гæсгæ. Арæх ахæм ахуырты фæрцы скъоладзаутæ равзарынц фидæны дæсныйад. Æмæ кæд иу къабæзтæ парахат кæнынц, уæд иннæтæ та бамынæг вæййынц.

Æрвылаз лагерь «Балц»-ы фæзы сæ фæллад уагътой цалдæр мин скъоладзауы. Ацы аз æфсæддон-патриотон рад нæма райдыдта. Уæвгæ, сывæллæттæн æфсæддон хъуыддаджы бындурон зонындзинæдтæ райсыны фадат уыдзæн, уый дæр нырма бæрæг нæу.

Хи фæлладуадзæн базæ нæй«Хохаг»-æн дæр. Æмæ кæд «Балц»-ы уавæр нырма бæрæг нæу, уæд «Хохаг» ацы аз суазæг кодта 30 сывæллоны. Ахуыр сæ кодтой мадæлон æвзагыл, дзырдтой сын традициты æмæ æгъдæутты тыххæй. Лагеры разамынд йæ зæрдæ дары, иннæ аз «Хохаг», раздæрау, æххæстæй кæй скусдзæн, ууыл.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania