Лæппутæ æмæ чызджытæ ирд ахорæнтæй сныв кодтой, сæ зæрдæтæм хæстæгдæр чи у, уыцы адæмы
«Базонгæ ут мæ бинонтимæ». Ахæм сæргондимæ сывæллæтты нывты равдыст байгом Мæздæджы центрон библиотекæйы. Лæппутæ æмæ чызджытæ ирд ахорæнтæй сныв кодтой, сæ зæрдæтæм хæстæгдæр чи у, уыцы адæмы. Библиотекæйы кусджытæ та мадзал сбастой бинонты Азимæ. Æвзонг нывгæнджытæн ракодтой зæрдиаг лæвæрттæ. Уæвгæ чиныджы кæсын ныртæккæ бирæтæ уарзынц. Уымæн æмæ чиныджы æвæрд вæййы арф мидис. Уый та хатгай баххуыс кæны бинонты æнгомдзинад бахъахъхъæнынæн. Чиныгдоны кусджытæ фæсидтысты Мæздæджы скъоладзаутæм, цæмæй арæхдæр цæуой библиотекæтæм. Уымæй дарддæр ма сывæллæттæн бацæттæ кодтой викторинæ. Бæрæгбон сæ курдиатæй саив кодтой Паддзахадон ансамбль «Терчы хъазахъхъæгты» солисттæ. Зæгъдзыстæм ма уый дæр, æмæ конкурсы бацархайдтой 50 адæймагæй фылдæр.




