филиал вгтрк государственная телерадиовещательная компания “Алания”

01:36 суббота, 28 сентября 2024
05 июня 2019, 12:15
Сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ фæнд кæнынц бæлæстæ садзын

Лæппутæ æмæ чызджытæ сидынц республикæйы æппæт цæрджытæм, цæмæй уыдон дæр батыхсой экологийы уавæрыл.

Сывæллæтты рæвдауæндоны хъомылгæнинæгтæ рахæцыдысты экологийы министрады хъæппæрисы фарс, ома уæлдæфон шартæй мауал пайда кæныны тыххæй. Уый бæсты фæнд кæнынц бæлæстæ садзын. Ахæм куыст ныридæгæн дæр бакодтой. Фидæны та сæ рæвдауæндоны фæзындзæн рауагъдонты аллейæ. Лæппутæ æмæ чызджытæ сидынц республикæйы æппæт цæрджытæм, цæмæй уыдон дæр батыхсой экологийы уавæрыл.

Экологон змæлды архайджытæ сты цæттæ. Лозунгтæ фыст, плакаттæ байуæрстой. Сæ къухты кæрдæгхуыз шартæ. Æрыгон æрдзхъахъхъæнджытæ кæдфæндыдæр сты цæттæ.

Зæххы «æнæниздзинад» куыд бахъахъхъæнæн ис, уый сывæллæттæ хистæртæй æвзæрдæр нæ зонынц. Иууылдæр сты экологон змæлды архайджытæ. Се æвзонг кар æмæ æнтæф боныхъæд нæ хынцгæйæ цæттæ сты «æнусон артæй» суанг сывæллæтты экологон – биологон центры онг ссæуынмæ. Фæсивæдæн бацæттæ кодтой бæрæгбоны программæ. Акци баст у зæххы къоримæ æмæ нæ райгуырæн зæхмæ уарзондзинадимæ.

Ацы акци рæзгæ фæлтæр республикæйы фыццаг хатт нæ аразынц. Æрмæст Дзæуджыхъæуы минæвæрттæ дзы нæ фæархайынц. Ацы аз лæппутæ æмæ чызджытæ æрбацыдысты Алагиры районæй. Æдæппæтæй 200 активисты.

Йæ хъуыдытæ чи раргом кодта, уыдоны хсæн уыди Медойты Георгий дæр. Лæппу 4-æм аз архайы æвзонг натуралистты станцæйы. Æрыгон эколог у уæлдæфон шартæ арвмæ уадзыны ныхмæ. Уымæ гæсгæ архайдта æрдзон æвæрæнты æмæ экологийы министрад цы флешмоб расидтис,уым.

Уæлдæфон шарты цы буаргъæдтæ бауадзынц, уыдон зианхæссæг кæй сты, уый тыххæй специалисттæ рагæй дзурынц. Экологты мæты цы æфтауа, уый ис. Фыццаджыдæр дызæрдыггаг сты, шартæ цы хомагæй кæнынц, уый. Зæгъæм, латексæй конд чи сты, уыдон утилизацигонд æрцæуынц 4 азы æмгъуыдмæ. Фæлæ фольгайæ кæй кæнынц, уыдонæн та хъæуы 2 сæдæ азы. Лентытæ цы капронæй кæнынц, уый фесæфы сæдæ азмæ.

Ирыстойнаг экологтæ нырма уал аразынц алыхуызон акцитæ, æмæ цæрджыты разæнгард кæнынц æрдз хъахъхъæнынмæ. Уæлдæфон шартæ ныртæккæ æцæгæйдæр сты тынг парахат. Уыдон арæх свæййынц бæрæгбоны сæйраг аивгæнæнтæ. Ацы къабазы бизнес-индустрийæ рæзы. Фæлæ амалхъом адæм сæхæдæг сты шартæ уæларвмæ уадзыны ныхмæ. Санаты Анжеликæмæ дæр йе лхæнджытæм ис курдиат.

Ацы аз республикæйы рæвдауæндæттæй иуы рахæцыдысты экологийы министрады хъæппæрисы фарс. Сæ рауагъды бон уæлдæфмæ шартæ суадзыны бæсты æрхъуыды кодтой æндæр акци. Ныссагътой бæлæстæ. Хъомылгæнджыты хъуыды фæцыди ныййарджыты зæрдæмæ дæр. Куыд снысан кодтой, афтæмæй ахæм акцитæ уыдзысты æрвылазон.Абон сывæллæттæ дæнцæгæн хæссинаг сты бирæ хистæртæн. Архайынц æрдз хъахъхъæныны акциты. Райгуырæн бæстæйыл аудгæйæ адæймаг хъахъхъæны йæ хæдзар. Уымæн та бирæ хъуыддæгтæ нæ хъæуы.

vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania
vgtrk_alania